филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:22 воскресенье, 01 февраля 2026
08 октября 2019, 17:00
Абон райсомæй доны станцæйы цур бæлццæттæ ласæн 28-æм маршрутыл йæхи скъуыртта рог хæдтулгæ

Уыцы цæфæй маршруткæ сфæлдæхт. Бадтис дзы 2 бæлццоны æмæ сæ рог цæфтимæ аластой республикон клиникон рынчындонмæ. Иннæ машинæйы чи бадт, уыдонæн ницы уыд.

Абон райсомæй доны станцæйы цур бæлццæттæ ласæн 28-æм маршрутыл йæхи скъуыртта рог хæдтулгæ. Уыцы цæфæй маршруткæ сфæлдæхт. Бадтис дзы 2 бæлццоны æмæ сæ рог цæфтимæ аластой республикон клиникон рынчындонмæ. Иннæ машинæйы чи бадт, уыдонæн ницы уыд.

Фæлæ дысон Беслæнæй Дзуджыхъæумæ фæндагыл, Ирыстойнаг уынджы цы фыдбылыз æрцыд, уым æрцыд зиан. Уæзласæн машинæйы шофыр тагъд цæугæйæ нæ сарæхст æмæ бордюрты сæрты расхъиудта, афтæмæй скъуырдта хæдтулгæ «Шевроле-Нива». Шофыр æмæ бæлццон фæмардысты бынаты. 3 адæймаджы фесты цæфтæ. Ацы фыдбылызы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania