04 марта 2013, 11:16
Абон райсомы 6 сахатыл Горæтгæрон районы 3 хъæуы конд æрцыд сæрмагонд уавæр
Горæтгæрон районы хъæуты Тарскæ, Уæллаг æмæ Дæллаг Комгæроны, хæстæг сæм цы хъæдтæ ис, стæй Мæхъæлы республикæйы административон арæныл абон райсомы 6 сахатæй фæстæмæ,
Горæтгæрон районы хъæуты Тарскæ, Уæллаг æмæ Дæллаг Комгæроны, хæстæг сæм цы хъæдтæ ис, стæй Мæхъæлы республикæйы административон арæныл абон райсомы 6 сахатæй фæстæмæ, сæрмагонд операцитæ аразынæн фидаргонд æрцыд контртеррористон операцийы фæтк.
Архайынц дзы æппæт тыхы ведомствæты хайæдтæ. Хъæутæ хъахъхъæнынц Теркаг хъазахъхъæгтæ дæр.
Цалынмæ сæрмагонд уынаффæ хаст не рцæуа, уæдмæ ацы территоримæ чи цæуа, уыдонæн бæстон кæсдзысты сæ гæххæттытæм, сæ машинæтæм, сæ дзаумæттæм.
Уымæй дарддæр ацы хъæутæм се ппæты нæ уадздзысты.
темæмæ гæсгæ