Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ Зилгæ æмæ Хуымæллæджы ‘хсæн кæрæдзийы скъуырдтой бæлццæттæласæн «Газель»-тæ æмæ ссыгъдысты. Маршруттæй иу цыд Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ, дзаг уыд пассажиртæй.
Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ Зилгæ æмæ Хуымæллæджы ‘хсæн кæрæдзийы скъуырдтой бæлццæттæласæн «Газель»-тæ æмæ ссыгъдысты. Маршруттæй иу цыд Мæздæгæй Дзæуджыхъæумæ, дзаг уыд пассажиртæй. Фæндаггон фыдбылызы хъыгдард баййæфтой 16 адæймаджы, уыдонæй 2 сывæллæттæ. Сты рынчындоны. Зиан дзы не рцыд.
Фæндаггон фыдбылыз ма æрцыд Даргъ-Къохы. Дысон, хъæуы сæйраг уынды жигулийы 7-æм моделы шофыр йæ ныхмæцæуæг фæндаджы хаймæ рацыд æмæ скъуырдта уæзæгтæласæн машинæ «ДАФ». Бынаты фæмард æртæ адæймаджы.
Хъуыддаг равзарыны тыххæй цæуы слест.




