филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:26 вторник, 16 декабря 2025
12 марта 2014, 11:00
Абон республикæйы алименттæн хæс дары 2 мин адæймагæй фылдæр

Се хсæн дыууæ сæдæ нæуæдз фондз сылгоймаджы дæр. Алименттæ афойнадыл чи нæ фиды, уыдоны иумæйаг хæс у æртæ сæдæ фæндзай милуан сомы бæрц.

Абон республикæйы алименттæн хæс дары 2 мин адæймагæй фылдæр
Се хсæн дыууæ сæдæ нæуæдз фондз сылгоймаджы дæр. Алименттæ афойнадыл чи нæ фиды, уыдоны иумæйаг хæс у æртæ сæдæ фæндзай милуан сомы бæрц.

Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Виктория»-йы Алинæ цæры 9 азы. Йæ райгуырæн хæдзар ис Николаевскæйы. Йæ хо æмæ æфсымæримæ сæ опекæйы оргæнты минæвæрттæ куы ракодтой, уæд Алинæйыл цыд 8 азы. Ныййарджытæ йæм арæх не ссæуынц, фæлæ сæ уæддæр чызг нымайы йæ царды æппæтæй ахсджиагдæр адæмыл.

Алинæ: 6 мæйы мæм иу хатт æрбацæуынц. Фæндид мæ, цæмæй сæ арæхдæр уынон, уый. Нæхимæ дæр мæ тынг фæнды, фæлæ мæ ныййарджытæ куыд загътой, уымæ гæсгæ сын ахæм бар нæй».

Алинæйы бахауын кæдæм фæнды, уыцы бынат хæдзар схонын зын у. Къултæ æмæ цар пецæй ссау сты, рудзгуыты æвгтæ æрдæгсæстытæ, алыварс алыхуызон бырон. Чызджы мадæн йæ ныййарæджы бартæ байстой. Ныртæккæ у хуысгæ рынчын. Ис æм грипп æмæ игæры цирроз. Йæ сывæллæтты йын кæй байстой, уый раст хъуыддагыл нæ нымайы.

Гайты Джульеттæ: «Мæнæн мæ бон нæу кусын, мæхицæн мын операци куы хъæуы. Сывæллæттæ мæ хъуыдис. Уый æнхъæл нæ уыдтæн, ахæм цард мын кæй уыдзæнис».

Ацы хъуыддагимæ разы нæу сывæллæтты фыд дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй сын раздæр хорз уавæртæ уыд хæдзары. Хъуаг ницæмæй æййæфтой. Æмæ сæ кæй акодтой, уый раст нæу.

Хуыбецты Ибрагим: «Иу аз, дам, фæуыдзысты. Уыцы рæстæгмæ, дам, исты пълан скæн. Æмæ куыст дæр нал уыд. Иу азмæ ницы равдыстон. Æмæ сæ уæд дарддæр ныууагътой уым».

Опекæйы оргæнтæ сывæллæтты бинонтæй ракодтой 2005-æм азы. Уæдæй фæстæмæ Джульеттæйæн алименттæм гæсгæ хæс ис милуан сомы бæрц. 6 хатты йыл байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ. Фæлæ уавæр нæ аивта. Йæ сывæллæттæн æхца арвыста æрмæстдæр иу хатт.

Туаты Илонæ, Дыгуры районы хайады тæрхондоны пъырыстыф: «Условно йын радтой, иу хатт æхсæнадон куыстыты куыста 6 мæйы. Цы бакуыста, уыцы фæрæзтæ æрвыст æрцыдысты сывæллæтты хыгъдтæм».

Хъыгагæн, ацы цау республикæйы иунæг нæу. Ирина Тищенкойæн дæр йæ ныййарæджы бартæ ист æрцыдысты. Йе 3 сывæллоны йын арвыстой Дур-Дуры æмæ Мæздæджы сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæм. Алименттæм гæсгæ йын хæс ис 240 мин сомы.

Абон республикæйы алименттæн хæс дары 2 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæй 300 бæрц сты сылгоймæгтæ. Се хсæн ис, бирæ рæстæг чи нæ фиды, ахæмтæ. Зæгъæм, фарон 39 мадыл сарæзтой уголовон хъуыддæгтæ. Ацы азы 2 мæймæ та 6.

Алименттæ афойнадыл чи нæ фиды, уыдоны ныхмæ æппæтæй карздæр æфхæрд у ахæстоны сбадын кæнын афæдзы æмгъуыдмæ. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр хæс чи дары, уыдон уымæй дæр нæ тæрсынц.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania