26 мая 2014, 17:18
Абон республикæйы хистæркъласонтæ лæвæрдтой фыццаг иумæйаг паддзахадон фæлварæн литературæ æмæ географийæ
Æдæппæтæй дзы архайдта 900 скъоладзауы. Фæлварæнтæм бацæттæ кодтой 7 сæрмагонд бынаты: 3 – Дзæуджыхъæуы, 4 та республикæйы районты. Ифтонг сты нырыккон техникон кусæнгæрзтæй.

Абон республикæйы хистæркъласонтæ лæвæрдтой фыццаг иумæйаг паддзахадон фæлварæн литературæ æмæ географийæ. Æдæппæтæй дзы архайдта 900 скъоладзауы. Фæлварæнтæм бацæттæ кодтой 7 сæрмагонд бынаты: 3 – Дзæуджыхъæуы, 4 та республикæйы районты. Ифтонг сты нырыккон техникон кусæнгæрзтæй. Сæ фæрцы Федералон æхсæнадон цæстдарджытæ кастысты, скъоладзаутæ куыд фыссынц, стæй сæхи куыд дарынц, уымæ. Иу ногдзинад ма хаст æрцыд ацы аз – аудиторимæ нæй хæссæн чырæ телефонтæ, бацæуæнты та сæвæрдтой згъæрагурæнтæ. Кæй зæгъынæй хъæуы ахæм уавæрты скъоладзауты зонындзинæдтæ бæлвырддæр сбæрæг уыдзысты.
29-æм майы та скъоладзаутæ дæтдзысты æнæмæнг дæтгæ фæлварæн уырыссаг æвзагæй. Æдæппæтæй иумæйаг паддзахадон фæлварæнты нæ республикæйы архайдзæн 6 мин адæймагмæ хæстæг.
Легкойты Оксанæ: «Абон мæ чызг дæтты литературæйы экзамен ацы скъолайы æмæ тыхсæм. Цæттæ кодтам бæргæ рагæй дæр. Фæлæ уæддæр сывæллæттæ иуылдæр æмхуызон сты. Иууылдæр тыхсынц, сæ мадæлтæ, сæ фыдæлтæ».

темæмæ гæсгæ