филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
27 февраля 2020, 13:06
Абон республикæйы районты цæуы æппæтуæрæсеон акци «Иумæйаг паддзахадон фæлварæн ныййарджытимæ»

Дзæуджыхъæуы та мадзал арæзт æрцæудзæн 2-æм мартъийы

Абон республикæйы районты цæуы æппæтуæрæсеон акци  «Иумæйаг паддзахадон фæлварæн ныййарджытимæ». Архадзæн дзы 350 адæймаджы, се хсæн рауагъдонты ныййарджытæ, Цæгат Ирыстоны Хицауад æмæ Парламенты минæвæрттæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректортæ, æхсæнады минæвæрттæ, журналисттæ. Дзæуджыхъæуы та мадзал арæзт æрцæудзæн 2-æм мартъийы. Ацы аз  акци снывонд кодтой Зæрдылдарыны æмæ Намысы афæдзы кадæн. Фæлварæнмæ бацæттæ кодтой сæрмагонд  цыбыр куыстытæ историйæ. Акцийы архайджытæ бынæттæй баивдзысты 11-æм къласонтимæ. Рацæудзысты æппæт къæпхæнтылдæр. Райдай, бацæуæны сгарæн мадзалæй, фæу паддзахадон фæлварæны хатдзæгтæй. Мадзалы рæстæг фенæн уыдзæн, куыд цæуынц йæ архайджытæ регистраци, стæй аудиториты сæ бынæттæ куыд ссардзысты, уый. Æппæтуæрæсеон акци цæуы ахуырад æмæ наукæйы къабазы цæстдарæг федералон службæйы хъæппæрисæй. Ацы аз æй кæнынц цыппæрæм хатт.  

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania