филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:15 среда, 17 декабря 2025
30 января 2014, 16:53
Абон республикон стадион «Спартачы» уыд Олимпаг арты эстафетæ

Историон цаумæ сæ цæст дардтой 20 мин адæймагæй фылдæр. Эстафетæйы факел та хастой 31 адæймаджы: зындгонд спорсментæ, æхсæнадон архайджытæ, бæрнон кусджытæ.

Ардыгæй йæ аласдзысты Налцыкмæ.

Олимпаг арт бæстæйыл зилы 116-æм бон. Дзæуджыхъæу у, хъæзтыты символ кæдæм ссыд, уыцы 131-æм горæт.

Абон республикон стадион «Спартачы» уыд Олимпаг арты эстафетæ. Историон цаумæ сæ цæст дардтой 20 мин адæймагæй фылдæр. Эстафетæйы факел та хастой 31 адæймаджы: зындгонд спорсментæ, æхсæнадон архайджытæ, бæрнон кусджытæ.

Ардыгæй йæ аласдзысты Налцыкмæ.

Сочийы 22-æм зымæгон Олимпаг хъæзтыты сæйраг символ Цæгат Ирыстонмæ схæццæ эстафетæйы 116-æм бон. Æрбаластой нæм æй Мæхъæлы республикæйæ. Олимпаг арт стадионмæ сластой 11 сахаты æмæ 11 минутыл. Хастой йæ лампадæйы. Факел райста уæгъдибар хъæбысхæстæй Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Андиаты Сослан
Факелхæсджытæ æдæппæтæй уыдысты 31 адæймаджы. Фыццаг арт ссыгъд Олимпаг чемпион Гуæцæлты Хадзымураты къухы. Уый фæстæ йæ радта сенатор Тотоонты Алыксандрмæ. Уыцы къорды ма уыдысты спортсментæ Бæцæзаты Руслан, Галачиты Артур æмæ Юлия Качаева.
Иннæ къорды спортсменты сæргъы та уыди Бæройты Хасан. Уый фæстæ арт хастой зындгонд тренер Урыймæгты Владимир, спортсментæ Магкæты Иринæ, Санахъоты Ацæмæз æмæ вагæттæ цалцæггæнæн заводы разамонæг Беккузарты Виталий.

Историон цаумæ сæ цæст дардтой 15 мин адæймагæй фылдæр. Кæд уæлдæфы температурæ 15 градусы уазалмæ æрхауд, уæддæр адæмы уый нæ урæдта. Стадион æмызмæлд кодта. Бирæтæ æрбацадысты æнæхъæн бинонтæй.

Олимпаг арт хæссыны бар, кæй зæгъын æй хъæуы, се ппæтмæ не рхауд. Ахæм кады аккаг систы спорты кæнæ æндæр къабæзты сгуыхтдзинæдтæ чи равдыста, уыдон. Фæлæ скъоладзаутæм дæр æрхауд, куыд фæзæгъынц, Олимпаг артыл андзæвыны амонд. Уыдон та уыдысты спортсмен Гаситы Мураты, æвзонг дирижер Тедеты Хетæг, стæй æппæтæй хистæр факелхæссæг Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Лекъты Мурат.

Олимпаг хъæзтыты факел инвалидты реабилитацион центры разамонæг Цæллагкаты Жаннæйы къухты у, куыд уæлахизы æмæ фидар удыхъæды символ. Факелхæсджыты хсæн уыдысты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæмтæ дæр. Фæлæ сæ уый нæ бахъыгдардта спорты бæрзонд къæпхæнтæм схизын.

Кæронбæттæн къорды сты паралимпаг хъæзтыты чемпион Лекъты Алыксандр, спортсмен Айларты Мæирбег, альпинист «Сочи-2014»-ы минæвар Хæмыцаты Хъазыбег, стæй Хуыгаты Алан.

Æппæты фæстаг та факел ахаста Олимпаг хъæзтыты чемпион, дунейы зындгонд хъæбысæйхæцæг Таймазты Артур. Артимæ æрзылди стадионы алыврс. Уый фæстæ Олимпаг арт ссыгътой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразимæ.

Факелхæсджытæ ацыдысты 3 километрæй фылдæр. Эстафетæ куы фæци, уæд стадионы дзыллæты къухæмдзæгъдæн кæрон нæ уыд. Спортивон бæрæгбон фæцис концерт æмæ фейерверкæй.

Касаты Наира, Хъамболты Роза

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania