18 февраля 2013, 11:45
Абон сæ профессионалон бон бæрæг кæнынц транспортон пъæлицæйы кусджытæ
Æфсæнвæндаг хъахъхъæныны тыххæй 1919-æм азы фыст æрцыд сæрмагонд уагæвæрд æмæ уæдæй фæстæмæ ацы къабазы кусджытæ сæ цæст дарынц бæлцæтты æдасдзинадмæ.
Æфсæнвæндаг хъахъхъæныны тыххæй 1919-æм азы фыст æрцыд сæрмагонд уагæвæрд æмæ уæдæй фæстæмæ ацы къабазы кусджытæ сæ цæст дарынц бæлцæтты æдасдзинадмæ. Транспортон пъæлицæйы кусджытыл фæстаг азты фылдæр хæстæ æвæрд ис. Дзæуджыхъæуы транспортон пъæлицæйы дæлбар ис 4 хайады, уыдон сты Дзæуджыхъæуы, Беслæны æмæ Мæздæджы æфсæнвæндаджы вагзалтæ, стæй аэропорт «Дзæуджыхъæу». Æдæппæтæй лæггад кæнынц 12 станцæйæн. Уымæй уæлдай дзуапп дæттынц 157 километры æфсæнвæндаджы æдасдзинадæн.
темæмæ гæсгæ




