филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:30 суббота, 31 января 2026
15 августа 2019, 17:05
Абон сæ профессионалон бæрæгбон бæрæг кæнынц археологтæ

Ахуыргæндты ацы куысты фæрцы иртæстгонд цæуы рагфыдæлты цардыуаг. Афтæмæй нæ сæфы истори.

Абон сæ профессионалон бæрæгбон бæрæг кæнынц археологтæ. Ахуыргæндты ацы куысты фæрцы иртæстгонд цæуы рагфыдæлты цардыуаг. Афтæмæй нæ сæфы истори. Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы хæхты радон иртæстытæ кæны æппæтадæмон археологты къорд. Ацы бынæттæ зонгæ сты æппæт дунейы. «Æрмдæсныты горæт»-ы ахуыргæндтæ иртасынц 10-гай азтæ. Цы бафтыд сæ къухы, æмæ ма сæ размæ цавæр хæстæ æмæ нысантæ ис, уый тыххæй дзуры Джыбызты Зæринæ.

Стыр иумæйаг археологон экспедици æрбынат кодта газы хæтæл «Мæздæг-Грозна»-йы зонæйы. Археологтæ дыккаг сезон кусынц Мæздæджы районы. Ног кæнынц истори æмæ фыдæлты цардыуаджы æууæлтæ.

Йæ уæрхмæ гæсгæ ацы некрополь у æртыккаг, Цæгат Кавказы территорийы археологтæ кæй иртасынц, уый. Æркъæхтыты рæстæг цы дзаумæттæ ссарой, уыдоны руаджы сбæрæг кæндзысты, æнусты дæргъы Кавказы зæххытыл цы адæмтæ цардысты, уыдоны фыдæлты рагон культурæ. Сæ куысты размæ уал специалисттæ сбæрæг кодтой, агурын кæм хъæуы, ахæм бæлвырд бынæттæ.

Раджы заманты мард ныгæныны æгъдæуттæ гом кæнынц рагон адæмы царды сусæгдзинæдтæ. Куыд цардысты, цæмæй архайдтой, æмæ цæуыл æууæндыдысты Кавказы адæмтæ. Æппæт уыцы хабæрттæ бирæ фарстатæ гуырын кæнынц адæймагмæ.

Экспедицийы хыгъды ис куыд фæлтæрдджын археологтæ, афтæ институтты наукон кусджытæ æмæ студенттæ. Уыдон барвæндонæй рацыдысты æркъæхтыты архайынмæ, цæмæй практикæйыл ныффидар кæной цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон.

Мæймæ ссардтой бирæ культурон хæзнатæ. Се хсæн рагон хæцæнгарз, хæдзары дзаумæттæ, æмæ сæдæгай азты размæ чи царди, уыцы адæмы аивгæнæнтæ. Тынгдæр цымыдисаг сты сылгоймаджы аивгæнæнтæ, ис дзы сызгъæрин æмæ æвзист ювелирон дзаумæттæ. Æркъæхтыты фæстæ хæзнатæ арвитынц сæрмагонд лабораторимæ, уым сæ ныссыгъдæг кæнынц, æмæ сæ скæнынц реставраци. Уый фæстæ свæййынц музейон экспонаттæ. Специалистты ахæм куысты фæстæ дзаумæттæ райсынц сæ раздæры хуыз. Æрæджы та дзы ссардтой æнæхъæн дурын. Ювелирон куыст бакæнынц нывгæнджытæ дæр. Рагзаманты нывтæ сын стыр æххуыс сты раздæры дугты культурæ иртасынæн.

Æркъæтытæ фæуын фæнд кæнынц ацы азы кæронмæ. Рагон культурæ æмæ цардыуаджы æвдисæнтæ та аккаг бынат бацахсдзысты Цæгат Ирыстоны Национ музейы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania