филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:03 понедельник, 15 декабря 2025
10 февраля 2014, 16:41
Абон сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хатдзæгтæ скодтой æмæ схорзæхджын кодтой регионалон форум «Наукæмæ къæпхæн»-ы уæлахиздзауты

Арæзт цæуы 11-æм хатт. Ахуырдзаутæ иртасæн куыст кодтой цардархайды алы къабæзты: «Этнографи», «Культурологи», «Физикæ», «Хъæууон хæдзарад» – æдæппæтæй 20 номинацийы архайдтой æрыгон иртасджытæ.

Абон сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хатдзæгтæ скодтой æмæ схорзæхджын кодтой регионалон форум «Наукæмæ къæпхæн»-ы уæлахиздзауты.

Арæзт цæуы 11-æм хатт. Ахуырдзаутæ иртасæн куыст кодтой цардархайды алы къабæзты: «Этнографи», «Культурологи», «Физикæ», «Хъæууон хæдзарад» – æдæппæтæй 20 номинацийы архайдтой æрыгон иртасджытæ. Ацы аз курдиæттæ балæвæрдтой 460, уыдонæй 220 уыдысты кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ, куыд республикæйы районтæй, афтæ Хъæрæсе-Черкесийæ æмæ Стъарапъолы крайæ. Фыццаг 3 бынаты чи бацахста, уыдонæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы ахуырад æмæ зонады министрады специалисттæ. Хуыздæр куыстыты автортæн та дипломтæ радта министр Огъуаты Алан. Æрыгон иртасджытæн сæ курдиатæй раарфæ кодтой сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъомылгæнинæгтæ.

Калоты Тамарæ, сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны директоры хæдивæг: «Куыстытæн сæ номхыгъд куыд рæзы, афтæ уæлдæр кæны сæ уагæвæрд дæр. Хуыздæр кæны сæ мидис. Тынг хорз у, сывæллæттæ тынг разæнгардæй кæй архайынц ацы конкурсы, уый. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр æмæ ацы аз фыццаг хатт райстам дыууæ патенты. Сæ иу Тугкайы-фырт иннæ Бæззайы-фырт æмæ уый дæр у тынг хорз бæрæггæнæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania