07 ноября 2013, 16:59
Абон Цæгат Ирыстоны коммунисттæ сбæрæг кодтой октябры Стыр революцийы 96 азы
Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты парады рацыдысты 2 мин адæймагæй фылдæр. Ленины цыртдзæвæны цур та сарæзтой бæрæгбоны митинг. Партийы сгуыхт уæнгтæн радтой майдантæ.
Абон Цæгат Ирыстоны коммунисттæ сбæрæг кодтой октябры Стыр революцийы 96 азы.
Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады проспекты парады рацыдысты 2 мин адæймагæй фылдæр. Ленины цыртдзæвæны цур та сарæзтой бæрæгбоны митинг. Партийы сгуыхт уæнгтæн радтой майдантæ. Се хсæн – Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты президент Мæхæмæтты Ахуырбег. Коммунистон партийы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн та радтой партион билеттæ.
Партийы цæгатирыстойнаг хайады фыццаг секретарь Зæнджиаты Чермен раарфæ кодта сеппæтæн дæр. Куыд загъта, афтæмæй бæстæйы историйы ацы бæрæгбон у сæйрагдæртæй иу.
Æмбырд фæци бæрæгбоны концертæй.

темæмæ гæсгæ