19 марта 2014, 11:05
Абон Цæгат Ирыстоны мысынц 1999 азы 19 мартъийы теракты амæттæгты
Цæгат Ирыстоны абон мысынц 1999 азы 19 мартъийы теракты амæттæгты. Уæд горæты Сæйраг базары скуыста, тротилы эквивалент 10 килограммæ кæмæн хæццæ кодта, ахæм рæмудзæн æрмæг.
Цæгат Ирыстоны абон мысынц 1999 азы 19 мартъийы теракты амæттæгты. Уæд Дзæуджыхъæуы Сæйраг базары скуыста, тротилы эквивалент 10 килограммæ кæмæн хæццæ кодта, ахæм рæмудзæн æрмæг. 52 адæймаджы дзы фæмард, 150–йæн та се `нæниздзинад фæцудыдта. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фыдракæнд саразджыты 2003-æм азы кæй бафхæрдтой, уый. Ахæстоны цæргæбонты фæбадыны тæрхон рахастой фыдгæнджыты къорды сæргълæууæуæг Адам Цуровæн. Махмуд Темирбиев æмæ Абдурахман Хутиевæн рахастой ахæстоны 23 азы фæбадыны тæрхон, Абдул Хутиевæн та 10 азы.
темæмæ гæсгæ




