филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:17 суббота, 21 сентября 2024
30 октября 2012, 09:00
Абон Цæгат Ирыстоны мысынц ирон-мæхъæлон быцæуы амæттæгты

Абон Цæгат Ирыстоны мысынц ирон-мæхъæлон быцæуы амæттæгты. Кæд 20 азы рацыд, уæддæр къаддæр нæ кæны республикæйы цæрджыты зæрдæты рыст, нæ дзæбæх кæнынц сæ хъæдгæмттæ, раздæрау, цæссыг нæй бауромæн.

Абон Цæгат Ирыстоны мысынц ирон-мæхъæлон
быцæуы амæттæгты. Кæд 20 азы рацыд, уæддæр къаддæр нæ кæны республикæйы
цæрджыты зæрдæты рыст, нæ дзæбæх кæнынц

сæ хъæдгæмттæ, раздæрау, цæссыг нæй бауромæн.

20 азы размæ æппæтæй карздæр хæстытæ
цыдысты Горæтгæрон районы: Черменыхъæуы, Карцайы, Тарскæйы, Дачныйы,
Майскийы, Куырттаты. Уæд сæ фыдыуæзæг бахъахъхъæнынмæ Ирыстоны
сыстадысты цалдæр мин бархионы. Знагимæ тох кодтой сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ,
сæ фыдæлты зæхх бахъахъхъæныныл. Сæ фыдыуæзæг хъахъхъæнгæйæ дзы бирæтæ
сæ цард радтой. Сæ ном рох нæу хъæуы адæмæй. Абон Ирыстоны мысынц сæ
ныфсхаст хъæбулты рухс нæмттæ. Бузныг сты сæ хъæбæтырдзинадæй. Сæ
райгуырæн зæххы сæраппонд сæ цард кæй радтой, уый тыххæй. Октябрскийы
æнусон арты цур æрæмбырд сты республикæйы разамонды уæнгтæ, Горæтгæрон
районы разамынд, æхсæнадон æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ,
скъоладзаутæ. Дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой цыртдзæвæны цур.
Æрымысыдысты йæ Райгуырæн зæхх чи бахъахъхъæдта, уыцы æфсæддонты рухс
нæмттæ.

Гаджиты Ирбег: «Абоны бон алчидæр зоны
æмæ йæ рохгæнæн нæй, уымæн æмæ нæ фыдæлтæ радтой сæ цард, цæмæй мах хорз
цæрæм, цæмæй нæ фæсивæд хорз цæрой. Ацы бон, æнæмæнгæй, хъæуы хъуыды
кæнæн æмæ мах, курсанте, сæххæст кодтам нæ хæс».

Дзатцеты Валерий, Горæтгæрон районы
сæргълæууæджы уынаффæгæнæг: «Абоны бон хъуыдыкæнын хъæуы, æмæ абон ардæм
кæй æрбацыдысты нæ кæстæр фæлтæр æмæ кæй æрхъуыды кодтой немæ чи нал
ис, æмæ кæй фæрцы абон сабыр рæстæджы цæрæм, уыдонæн арфæ кæнын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania