филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:19 суббота, 21 сентября 2024
18 сентября 2014, 17:17
Абон Цæгат Ирыстоны Парламенты æмбырды Къесаты Станислав бахаста фæндон «Цæгат Ирыстоны паддзахадон æвзæгты тыххæй» закъон сног кæнын æмæ йын финансон-экономикон бындур скæнын

Парламенты æмбырды æркастысты, фæлæ хорзыл нæ банымадтой Хъырымы депутатты хъæппæрис «Уæрæсейы граждантæн æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, уый дзурæг уыдзæн ууыл æмæ Хъырымы хæцæг бархионтæ хæццысты закъонмæ гæсгæ.

74093
Экономикæ бæрæг кæны политикæ…
Парламенты æмбырды æркастысты, фæлæ хорзыл нæ банымадтой Хъырымы депутатты хъæппæрис «Уæрæсейы граждантæн æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Куыд æмбарын кæнынц афтæмæй, уый дзурæг уыдзæн ууыл æмæ Хъырымы хæцæг бархионтæ хæццысты закъонмæ гæсгæ. Уый та у Уæрæсейы закъонты ныхмæ. Парламенты комитеты уæнгтæм хорз фæкаст Орловы облæсты депутаттæ Паддзахадон Думæмæ цы курдиат арвыстой уый. Загъд дзы ис, цæмæй агропромышленнон химикаттимæ чи кусы, уыдонмæ цæст дарынæн депутаттæн уа фылдæр бартæ лæвæрд. Зæххы политикæйы комитеты разамонæг Темыраты Виктор куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ ацы къабазмæ æппындæр цæстдард нæй æмæ куыстуæтты фылдæр хай кусынц, куыд сæ фæнды, афтæ. Арæх закъоны сæрты ахизгæйæ. Уый та расайы уымæ æмæ хъæууон-хæдзарадон продукцийы бирæ æмбырд кæнынц, адæмы æнæниздзинадæн зиан чи хæссы, ахæм химикон буаргъæдтæ.
Цæгатирыстойнаг депутаттæ сфидар кодтой «Республикон бюджетмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоныпроект. Беслæны цæрджытæн хæдзæрттæ дæттыны тыххæй республикæмæ транш æрвыст кæй æрцыд, æмæ культурæйы министрадæн уæлæмхасæн æхца кæй радих кодтой, уымæ гæсгæ йæм хъуыди ивдзинæдтæ бахæссын.
Парламенты сæрдары хæдивæг Кучиты Гарий фæсидт депутаттæм, цæмæй лæмбынæг кæсой адæмы æнæниздзинад æмæ экологи хъахъхъæныны фарстатæм. Сæрмагонд советы уæнгтæ сразы сты «Доны объектты экологон уавæры тыххæй» уынаффæ хицауадæн бавдисыныл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania