филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 суббота, 28 сентября 2024
11 февраля 2020, 12:30
Абон Цæгат Ирыстоны райдыдтой Гуыриаты Тамерланы номыл æртыккаг кæстытæ

Ахуыргæндтæ Мæскуыйæ, Кавказæй æмæ фæсарæнтæй дзурдзысты, зындгонд профессор йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы фарстатыл

Абон Цæгат Ирыстоны райдыдтой Гуыриаты Тамерланы номыл æртыккаг кæстытæ. Ахуыргæндтæ Мæскуыйæ, Кавказæй æмæ фæсарæнтæй дзурдзысты, зындгонд профессор йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы фарстатыл. Уыдонимæ — æвзагзонынад, нарты кадджытæ æмæ культурæты хсæн ахастдзинæдты фарстатæ. Мадзæлттæ цæудзысты цалдæр боны. Уымæй уæлдай ма, нæ бæстæйы раззагдæр профессортæ сæ зонындзинæдтæй фæхай кæндзысты æрыгон ахуыргæндтæн æмæ студенттæн. Гуыриаты Тамерланы сфæлдыстад ныронг дæр кæронмæ иртæст нæма æрцыд, ахуыргонд ныууагъта фараст сæдæ куыстæй фылдæр. Æрыгон ахуыргæндтæ сæ докладты фæрцы бафæлвардзысты зындгонд профессоры наукон бынтæ арфдæр басгарын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania