Республикæйы кусынц 309 æвзарæн участочы
Абон цæуы Паддзахадон думæмæ æвзæрстыты дыккаг бон. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй адæм хъæлæс кæнынц æртæ боны. Республикæйы кусынц 309 æвзарæн участочы. Æппæт процесс у æргом. Æхсæвæй-бонæй кусы видеоцæстдарды системæ. Уымæй дарддæр æвзарæн участокты кусынц æхсæнадон æмæ æппæтадæмон цæстдарджытæ. Се ргом здахынц алы хъуыдагмæ дæр. Æвзæрстыты фыццаг бон куыд ацыд, уымæн знон изæрæй хатдзæгтæ скодтой Центрон æвзарæн къамисы. Бæстондæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Уæрæсейы гимны фæстæ, райсомы 8 сахатыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æвзарæн хайад байгом фыццаг хъæлæсгæнджытæн. Куыст уайтагъд райдыдта: сбæлвырд кодтой документтæ, бацæттæ кодтой хъæлæс кæныны урнæ æмæ йыл пломбæ сæвæрдтой. Процедурæмæ лæмбынæг кастысты фæсарæйнаг эксперттæ. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстоны кусы 11 цæстдарæджы алы бæстæтæй. Фыццæгты хыгъды йæ граждайнаг хæс сæххæст кодта Мурасты Максим.
Хистæр фæлтæрæй эстафетæ райстой Цæгат Ирыстоны медицинон академийы студенттæ. Фыццаг хатт схъæлæс кодтой. Уый фæдыл сын скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Æвзæрстытæм адæм цæуынц æнæхъæн бинонтæй. Æхполæттæн ацы бон ахсджиаг у. Хайадмæ æрбацыд 88-аздзыд Зойæ йæ кæстæртимæ. Уый сын сси традици.
Хъæлæс кæныны барæй спайда кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 99-аздзыд ветеран, фæсчъылдымы фæллойгæнæг Куыдзиаты Умархан. Хъæлæс кодта хæдзары. Ахæм бар ис, æмбæлгæ уавæртæм гæсгæ йæ бон хайадмæ æрбацæуын кæмæн нæу, уыдонæн. Сæ фылдæр сты ацæргæ адæм, кæнæ йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон.
Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы хъæлæсгæнджытæн æвзарæн хайæдты ис сæрмагонд уавæртæ. Пандустæ æмæ хæцæнтæ агъуыстмæ æнæ къуылымпыйæ бацæуынæн, мидæгæй дæр хъæлæс кæнынæн ифтонг бынæттæ.
Æвзæрстыты тыххæй пресс-конференцийы бæлвырд радзырдта Цæгат Ирыстоны Æвзарæн къамисы сæрдар. Архайдтой дзы журналисттæ æмæ фæсарæйнаг цæстдардджытæ. Моргуаты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй къамистæн цæттæ сты резервон агъуыстытæ дæр. Процессмæ æхсæнадон цæстдард æххæст кæнынц 1300 цæстдарæджы политикон партитæй æмæ республикæйы Æхсæнадон палатæйæ. Æдæппæтæй республикæйы кусы 309 æвзарæн хайады. Хъæлæсгæнджытæ исынц 2 бюллетены. Фыццаг хатт сты 2 æвзагыл – ирон æмæ уырыссагыл.
Уæвгæ та, республикæйы цæрджытæн ма сæ граждайнаг хæс сæххæст кæныны фадат уыдзæн абон æмæ райсом.




