филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:42 воскресенье, 19 мая 2024
29 октября 2013, 11:02
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц фæскомцæдисы 95 азы бæрæгбон

Советон Цæдисы фæсивæдæн бæрнон уыдис коммунистон организацийы фæллой кæнын. Се `ппæт дæр архайдтой Райгуырæн бæстæйæн исты пайда æрхæссыныл.

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц фæскомцæдисы 95 азы бæрæгбон. Советон Цæдисы фæсивæдæн бæрнон уыдис коммунистон организацийы фæллой кæнын. Се `ппæт дæр архайдтой Райгуырæн бæстæйæн исты пайда æрхæссыныл.

1958-æм азы хуызист. Уым Сергей Плахтий æмæ ма ноджыдæр 4 лæппуйы фæллой кæнынц Казахстаны быдырты. Фæсивæдон коммунистон цæдисы минæвæрттæ æххуыс кодтой хъæууон хæдзарады кусджытæн тыллæг бафснайын. Фæскомцæдисы рæнхъыты медицинон академийы профессор уыдис 15 азы. Райдыдта скъолайы комитеты архайын, 60-æм азы та сси Орджоникидзейы горæтаг комитеты фыццаг секретарь. Сергей Плахтий куыд зæгъы, афтæмæй фæсивæдон организацийы райста стыр фæлтæрддзинад. Абон æй рæдауæй лæвар кæны йæ хъомылгæнинæгтæн.

Сергей Плахтий, Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы профессор, историон наукæты кандидат: «Фæскомцæдис мæ сахуыр кодта æхсæнады активон уæнг уæвыныл, фæллой кæнын, Райгуырæн бæстæ уарзын. Æппæт ацы миниуджытæй мæ сæххæст кодтой фæсивæдон организацийы».

Галина Шуренко йæ кусæн къордæй чызджыты се `ппæты дæр номæй-номмæ хъуыды кæны. 70-йæм æмæ 80-йæм азты иугонд «Севосетинбытодежда»-йы фæскомцæдисон-фæсивæдон бригады уæнгтæ æрыгон чызджыты æмæ лæппуты æххæст кодтой аив æмæ рæсугъд уæлæдарæсæй. Галинæ куыд зæгъы, афтæмæй уæды модæйæ бирæ цыдæртæ абон фæстæмæ æрыздæхтис.

Галинæ Шуренко: «2013-æм аз абарæн ис 72-æмимæ. Уæд дæр дардтой бæрзонд æфцæггод, классикон костюмтæ. Хъуымæцтæ уый бæрц нæ уыд, фæлæ уыимæ фæсивæд кæддæриддæр уыдис аив конд. Нæ чызджытæ куыстой иумæйаг хъуыддагыл – адæмы сæххæст кæнын рæсугъд уæлæдарæсæй. Уымæн æмæ уæд бирæ дуканитæ æмæ бутиктæ нæ уыд».

Æрвылбоны лæггæдты министрад-иу хуыйджыты фæскомцæдисон бригадæн цы заказтæ скодта, уымæй-иу бахуыдтой дыууæ хатты фылдæр. Йе `нæзæрдæхудт архайды тыххæй Галина Шуренкойæн саккаг кодтой Фæллойы Сырх Тырысайы æмæ Фæллойы Намысы 3-аг къæпхæны ордентæ. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй абоны рæзгæ фæлтæрæн нæ фаг кæны, Райгуырæн бæстæ уарзын æмæ сæ фæллой кæныныл кæм ахуыр кæниккой, ахæм фæсивæдон организаци.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania