филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:08 понедельник, 15 декабря 2025
09 декабря 2013, 17:41
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы хъæбатырты бон

Цæгат Ирыстоны кад кодтой, алы рæстæг йæхиуыл `нæауæрдгæйæ йæ адæмæн чи лæггад кодта, уыдонæн. Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы номæй Уæрæсейы æмæ

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы хъæбатырты бон
Цæгат Ирыстоны кад кодтой, алы рæстæг йæхиуыл `нæауæрдгæйæ йæ адæмæн чи лæггад кодта, уыдонæн. Республикæйы сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразы номæй Уæрæсейы æмæ социалистон фæллойы хъæбатыртæн, Намысы ордены кавалертæн, стæй, чи фæмард, уыцы хъæбатырты хæстæджытæн раарфæ кодта хицауады сæрдары хæдивæг Такъоты Сергей. Уыдон æдæппæтæй сты 16. Се `хсæн, хъæбатыры ном йæ амæлæты фæстæ чи райста, уыдон дæр. Такъоты Сергей сын загъта бузныг, йæ Фыдыбæстæйæн æнæвгъау лæггад чи кодта, ахæм лæппуты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

Сабеты Виктор, РЦИ-Аланийы ветеранты советы сæрдары хæдивæг: «Хъæбатырты бон, раздæр дæр бæрæг кодтам. 16 адæймаджы ма нæм ис, æмæ кæмæн сæ хæстæджытæ, чи сæхæдæг, æмæ сты Советон Цæдисы хъæбатыртæ, Уæрæсейы, стæй Намысы æмæ фæллойы орденты кавалертæ».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania