филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:43 понедельник, 20 мая 2024
25 апреля 2014, 14:13
Абон Уæрæсейы мысынц, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæй йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ

Номарæн мадзæлттæ уыдысты нæ республикæйы дæр. Министрады кусджытæ дидинджытæ сæвæрдтой 1992-æм азы хæстон цауты æмæ Беслæны фыдракæнды хъæбатырæй цы

Абон Уæрæсейы мысынц, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæй йæ хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ
Номарæн мадзæлттæ уыдысты нæ республикæйы дæр. Министрады кусджытæ дидинджытæ сæвæрдтой 1992-æм азы хæстон цауты æмæ Беслæны фыдракæнды хъæбатырæй цы ирвæзынгæнджытæ фæмард сты, уыдоны ингæнтыл Беслæны, Зилгæйы æмæ Дзæуджыхъæуы. Лейтенант Беруаты Аслæнбегæн нæ бæстæйы президенты Указмæ гæсгæ, йæ амæлæты фæстæ, лæвæрд æрцыд Лæгдзинады Орден. Уый фæмард 2004-æм азы Беслæны 1-æм скъолайы теракты. Йæ ном æрымысынмæ æрбацыдысты йе мкусджытæ, хæстæджытæ æмæ хиуæттæ. Абон ма æрымысыдысты ирвæзынгæнджытæ Дмитрий Кормилин æмæ Валерий Замаревы. Номарæн мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеяйы дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania