75 азы размæ горæт немыцаг фашисттæй бахъахъхъæныныл архайдтой ирон фæсивæд дæр – 5 мин æфсæддонæй фылдæр. Советон Æфсадæй та Сталинграды тугуарæн тохы баззад милуан æмæ æвдай фараст мин адæймаджы.
уыцы салдæтты рухс нæмттæ. 75 азы размæ горæт немыцаг фашисттæй
бахъахъхъæныныл архайдтой ирон фæсивæд дæр – 5 мин æфсæддонæй фылдæр.
Советон Æфсадæй та Сталинграды тугуарæн тохы баззад милуан æмæ æвдай
фараст мин адæймаджы. Уыдæгасæй чи баззад, уыдон та сæ райгуырæн уæзæгыл
сæмбæлдысты уæззау цæфтæй. Хъыгагæн, уæды рæстæджы цауты архайджытæ
бирæ нал сты. Сæ иу – Владимир Науменкоимæ фембæлд не сфæлдыстадон
къорд. Бæлвырддæр радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Хæсты цæхæр Владимир
Науменко бавзæрстæ æвзонг лæппуйæ, куыддæр скъола каст фæцис, афтæ. Йæ
райгуырæн бæстæ, Украинæйæ æрвыст æрцыд Сталинграды тохмæ. Фæлæ уый
размæ дæр æмбæрста, цы зындзинæдтыл сæмбæлдзæн, уый. Тохы цæхæры
бахауыны размæ цы дæлхайады службæ кодта, уыцы лæппутимæ æфсæнвæндаджы
æвгæдтой уæззау гаубицтæ.
Абон дæр хорз хъуыды кæны, цы аз æмæ цы бон
бацыд, йæ фыццаг тохы. Уый уыд Сталинград 1942-æм аз 19 ноябрь. Уыцы
хъæбатырдзинад ныр дæр лæууы йæ зæрдыл.
Сталинград хъахъхъæнгæйæ,
Владимир Науменко фæцис уæззау цæф æмæ бахауд госпитальмæ. Афæдзырдæджы
фæстæ, ногæй æрлæууыд сырх æфсады рæнхъыты, æмæ бахæццæ Германимæ.
Уæлахизыл сæмбæлд Франкфурты. Хæстæй 5 азы рацыд, æмæ йæ хъысмæт сбаста
Цæгат Ирыстонимæ. Бирæ азты фæкуыста хойраг цæттæгæнæн куыстутæтты,
архайдта Эзминскы ГЭСы арæзтады. Абон хъæбатыр хæстон у, йæ 2 фыртæн цы
бирæ кæстæртæ рацыд, уыдоны кадджын хистæр. Æмæ йын уыдон арфæ кæнынц.
Моргуаты Ладæ




