18 марта 2014, 16:44
Абон Уæрæсейы президент Владимир Путин Федералон æмбырдмæ бахаста, æмæ йæ хорзыл банымайыны хæс бакодта закъон, Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы хыгъдмæ бахæссыны тыххæй
«Федералон Æмбырдмæ сидын, цæмæй æркæсой конституцион закъонмæ, Уæрæсемæ дыууæ ног субъекты бафтауыны тыххæй – Хъырым æмæ горæт Севастополь», -загъта нæ бæстæйы президент.
«Федералон Æмбырдмæ сидын, цæмæй æркæсой конституцион закъонмæ, Уæрæсемæ дыууæ ног субъекты бафтауыны тыххæй – Хъырым æмæ горæт Севастополь», -загъта нæ бæстæйы президент. Владимир Путин фæбæлвырддæр кодта, ацы федералон закъон баст кæй у Хъырымы референдумы хатдзæгтимæ, стæй адæмы фæндонимæ. Абон чысыл раздæр уый фæдыл сæрмагонд гæххæтт фыст æрцыд кадджын уавæры.
темæмæ гæсгæ




