филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 суббота, 31 января 2026
02 сентября 2025, 10:35
Абон у Беслæны номарæн вахтæйы дыккаг бон

21 азы размæ æрцыд, ныр дæр зæрдæ чи риссын кæны, ахæм æвирхъау террористон акт

Абон у Беслæны номарæн вахтæйы дыккаг бон. 21 азы размæ æрцыд, ныр дæр зæрдæ чи риссын кæны, ахæм æвирхъау террористон акт. Фыдгæнджытæ амынæты райстой 1128 адæймаджы, сæ фылдæр уыдысты райдиан кълæсты ахуырдзаутæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Теракты фæмард сты 334 адæймаджы, уыдонимæ 186 сывæллоны. Чи аирвæзт, уыдон абон дæр ма цæуынц реабилитаци. Саударæн мадзалмæ скъолайы кæртмæ цæуынц адæм, хæссынц дидинджытæ, дон. Знон изæры 7 сахатыл скъолайы кæрты ссыгътой, чи фæмард, уыдоны нымæцмæ гæсгæ 334 цырагъы. Мысæн Вахтæ фæуыдзæн райсом, 3-æм сентябры мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-ы. Куыд ацыд фыццаг мысæн бон, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Беслæны 1-æм скъолайы кæртмæ адæм райсомæй раджы райдыдтой æмбырд кæнын. 2004 азы сентябры ам кæй цард аскъуыд, уыдоны *рымысыны тыххæй ардæм æрацыдысты республикæй сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уæрæсейы Федерации сенатортæ Мамсыраты Таймураз æмæ Виталий Назаренко, Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз, республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеслав, бæрнон кусджытæ æмæ æфсæддонтæ. Адæм цыдысты æмæ цыдысты спортивон залмæ, ам чи фæмард, уыцы сывæллæтты, ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты номыл дидинджытæ сæвæрыны тыххæй. Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Герасим сарæзта аргъуыд. Æппæтадæмон культурон-патриотон центр «Беслан. Школа № 1»-ы байгом равдыст. Уый нырма у йæ фыццаг къæпхæн. Центры фесты конд мидæггаг куыстытæ, цæттæ сты, мадзæлттæ кæм араздзысты, уыцы агъуыстытæ, сæвæрдтой информацион хъусынгæнинæгтæ æмæ интерактивон экрантæ. Уыдоныл цыдысты *вдыст трагикон цаутæ. Скъолайы музейон тыгъдад арæзт æрцыд  Уæрæсейы президенты уынафæмæ гæсгæ. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, уымæ гæсгæ ахсджиаг у бæстæйы æппæты æгъатыр теракты тыххæй мысинæгтæ бахъахъхъæнын.

 Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Менялоимæ терроризм ма руадзыны Центр бабæрæг кодта Уæрæсейы сенатор Мамсыраты Таймураз. Амынæты уыдысты йæ кæстæртæй дыууæйæ. Фесты уæззау цæфтæ. Таймураз йæхæдæг уыцы бонтæ арвыста скъолайы раз. Экспозицимæ кæсын зын у, фæлæ теракты цаутæ рохгæнæн нæй, – зæгъы сенатор.

Æппæты разæй центры экспозици чи федта, уыдоны *хсæн уыдысты программæ «Ирыстоны Намыс»-ы финалисттæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн æмæ архайджытæн фыдракæндтæ æнæзонгæ не сты. Фæлæ Беслæны фыццæгæм скъолайы кæрты цы æвирхъау цау æрцыд, уый фæстиуджытæм гæсгæйæ æфсæддонты зæрдæтæ нырризынц. Æнæхъæн бон спортивон залмæ цыдысты æрмæст Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ адæм бæстæйы алы рæттæй. Хастой хъазæнтæ, дидинджытæ, дон. Хабаровскæй ссыди стыр делегаци, йæ сæргъы Сергей Будкин, афтæмæй. Уый 2004 азы, Æдасдзинад хъахъхъæныны федералон службæйы сæрмагонд къорды уæнг уæвгæйæ, архайдта амынæты чи бахауд, уыдоны суæгъд кæныныл. Ныр та Беслæнмæ сласта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты кæстæрты, сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты, æдæппæтæй – 30 ахуыргæнинаджы.  Бирæ адæм сæ хæсыл банымадтой Беслæны фыццæгæм скъоламæ *рбацæуын. Уыдоны хсæн Италийæ делегаци дæр.

Къултыл хуынчъытæ хæцæнгарзы цæфтæй, пъолыл срæмыгъдтыты фæстиуджытæ – спортивон залы баззад æнкъард истори.  Цæссыгтæ бауромын дзы иу адæймаджы бон дæр нæу. Традицимæ гæсгæ, Беслæны сывæллæтты мадæлты комитеты  уæнгтæ архайдтой пресс-конференцийы. Уыцы сылгоймæгтæн сæ кæстæртæн ам аскъуыд сæ цард. 21 азы рацыд терактæй, фæлæ цы зындзинад æрхаста ирон адæмæн, уый рох нæу. Къултыл иннæ регионты цæрджытæ цы фыстæджытæ ныууагътой, уыдонæй бæрæг у, Цæгат Ирыстон иунæг кæй нæ уыд, йæ фарсмæ адæм бæстæйы алы рæттæй кæй æрбалæууыдысты, уый. 2004 азы теракт арæзт æрцыд, æхсæнадæн йæ хъахъхъæнинагдæр хай – сывæллæтты ныхмæ. 334 царды аскъуыд ам. Уыдонæй иу дæр рох нæу. 20 азæй фылдæр сæ адæм дарынц сæ зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania