филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:26 понедельник, 16 июня 2025
16 октября 2018, 12:05
Абон у дзулы æппæтдунейон бон

Алы бæстæйы дæр хор кæдфæндыдæр ахста ахадгæ бынат. Бæрæгбон нысангонд æрцыди 2006-æм азы æппæтадæмон дзулфыцджыты æмæ кондитерты Цæдисы хъæппæрисæй.

Абон у дзулы æппæтдунейон бон
Абон у дзулы æппæтдунейон бон. Алы бæстæйы дæр хор кæдфæндыдæр ахста ахадгæ бынат. Бæрæгбон нысангонд æрцыди 2006-æм азы æппæтадæмон дзулфыцджыты æмæ кондитерты Цæдисы хъæппæрисæй. Уæвгæ та ахуыргæндты иртæстытæм гæсгæ дзулы истори райдыдта цалдæр мин азы размæ. Раздæр дзул кодтой æрмæстдæр дон æмæ хорæй, фыцгæ та йæ кодтой тæвд дуртыл. Ныр фынджы фидауц кæнынц алыхуызон стыр куыстуæтты, нырыккон технологитæм гæсгæ. Æрæджы не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта æнæхъæн республикæйыл зындгонд чи у, уыцы дзулфыцæн куыстуат Хъарман – Сындзыхъæуы. Уырдыгæй нæ дарддæр æрмæг.
Дзбойты Мæдинæйы кусгæ бон райдайы райсомы 5 сахатыл. Уæд райдайы радон дзулы партийæн хыссæ цæттæ кæнын. Сылгоймаг куыд зæгъы, атфмæй йын ацы куысты ис 20 азæй фылдæр, æмæ йын сси уарзон, æнæ уымæй йæ фидæн уынгæ дæр нæ кæны. Зоны йæ йæ дзул æнæхъæн Дыгуры районыл хъуыстгонд цæмæн у, уый. Фæлæ рецепт ратдзæн æрмæстдæр йæ ахуыргæнинагæн.
Æнхъизæны рецепт у сусæг, фæлæ фыцыны технологи фенæн ис. Дзбойты Мæдинæйы æмкусджытæ зæгъынц, дзул фæлмæн æмæ хæрзад рауайдзæн, зæронд пецы сугтыл фых куы уа, уæд.
Хъарман-Сындзыхъæуæй Хъæдгæронмæ алы райсом дæр йæ фæндаг акæны Цæрæкты Аслан. Дзул ласы хъæутыл. Фæндагыл бахардз кæны 5 сахаты онг.
Хъарман-Сындзыхъæуы дуканиты тæрхæджытыл æрмæстдæр бынæттон дзул. Æндæр дзул амы цæрджыты хъæугæ дæр нæ кæны. Уæйгæнджытæ зæгъынц, райсомæй адæм дзулмæ фæлæууынц рады. Уымæн æмæ йæ зонынц, у хæрзад, хæрзхъæд, æмæ ныртæккæйы фых.
Фæлхасгæнджыты арфæтæ – дзулфыцæджы стырдæр хæрзиуæг. Хъарман-Сындзыхъæумæ арæх æрбацæуынц æндæр районтæй дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ тагъд ам дзуфыцыны хъуыддаг фæуæрæгдæр уыдзæн.
Касаты Наирæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania