Нæ республикæйы пейзажтæ сты хицæн ныхасы аккаг
Абон у хъæддаг æрдзы Æппæтдунеон бон. Нæ республикæйы пейзажтæ сты хицæн ныхасы аккаг. Уæлдайдæр та – æхсæрдзæнтæ. Уæдæ хъæдтæ та хъæздыг сты алыхуызон цæрæгойтæй. Иуæй-иутæ дзы хаст æрцыдысты Сырх чиныгмæ. Цæмæй æппæт ацы хъæздыгдзинæдтæ хъахъхъæд æрцæуой, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыдысты фæдзæхст бынæттæ. Зæгъæм, Цъæйы фæдзæхст бынаты фенæн ис алыхуызон нæзы бæлæстæ æмæ альпаг быдырты дидинджытæ. Уымæй дарддæр æм баластой стæм цæрæгойты. Уæвгæ, Цæгат Ирыстоны æрдзон фæдзæхст бынаты рæзынц зайæгойты мингай хуызтæ. Рагзамантæй дзы хъахъхъæд æрцыдысты цалдæр бæласы. Дыгургомы та æрбынат кодта национ парк «Алани». Йæ сæйраг хæс у, абарæн кæмæн нæй, уыцы æрдзон комплекстæ бахъахъхъæнын, стæй туризмы рæзтæн уавæртæ аразын.




