филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
15 мая 2024, 11:37
Абон у Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон

Бæрæг æй кæнынц куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр

Абон у Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Бæрæг æй кæнынц куыд Цæгат, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. 21 азы размæ, Цæгат Ирыстоны уæды президент Дзасохты Алыксандр бафыста указ, цæмæй 15-æм май банымайой ирон æвзаг æмæ литературæй боныл. Уыцы бон хъуымæтæджы нæ равзæрстой. 1899-æм азы 15-æм майы рухс федта ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы чиныг «Ирон фæндыр». Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, ныртæккæ ирон æвзагыл дзурынц 500 мин адæймаджы онг. 2009-æм азы та ЮНЕСКО ирон æвзаг бахаста, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, уыцы æвзæгты рæнхъмæ. Нæ республикæйы бæрæгбоны кадæн ацæуынц алыхуызон мадзæлттæ, конкурстæ, концерттæ. Ирон интеллигенцийы минæвæрттæ æмбæлынц скъоладзаутæ æмæ студенттимæ, цæмæй иумæ æрдзурой мадæлон æвзаджы хъысмæтыл æмæ фидæныл. Куыд æрвылаз, афтæ ацы хатт дæр мадзæлтты райдиан архайджытæ сæвæрдзысты дидинджытæ Къостайы цыртдзæвæнмæ.

Абон, Ирон æвзаджы бон, традицимæ гæсгæ хорзæхджын кæндзысты æрвылазон республикон преми Ирыстон-мæ уарзондзинады лауреатты. Сфæлдыстадон ерыс сбæрæг кæны, ирон æвзагыл хуыздæр уацхъуыд чи ныффыссы, уыцы журналистты. Кадджын мадзал абон ацæудзæнис национ музейы. Лауреатты сбæрæг кодтой æртæ номинацийы: теле æмæ радиоæрмæджытæ, мыхуыры уагъд æмæ интернеты чи рацыд, уыцы æрмæджытæ. Саккаг сын кæндзысты æхцайы призтæ — фæйнæ 50 мин сомы. Бафиппайдзыстæм уый дæр æмæ конкурс аразынц дзыллон-хабархæссæг фæрæзты райрæзтæн æмæ ирон адæмы иудзинад фидардæр кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania