филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
13 января 2021, 11:50
Абон у мыхуыры кусджыты профессионалон бон

Ивгъуыд аз газеттæ æмæ журналты кусджытæн разынд зын

Абон у мыхуыры кусджыты профессионалон бон. Ивгъуыд аз газеттæ æмæ журналты кусджытæн разынд зын. Журналисттæн дæр сæ архайд уыд цардæн зын уавæртæ нæ хынцгæйæ, уимæ алы номыр дæр мыхуыры цыд йæ афоныл. Кæйдæрты та бахъуыд дæрдзæфмæ кусын. Нæ баурæдта йæ куыст нæ республикæйы сæйраг газеттæй иу «Рæстдзинад»-дæр. Сæ темæтæ канд пандемийæимæ баст нæ уыдысты, фæлæ ма цардархайды æппæт къабæзтыл. Газеты сыфтыл  бæрæг дардтой Фыдыбæстйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бонмæ æрмæджытæ, Абайты Васойы юбилейы фæдыл уацтæ, экологийы фарстатæ. Редакци нæ рох кæны 100 азмæ хæстæг ам цы традицитæ ныффидар уыдон, уимæ архайынц цардимæ æмдзу кæнын. Социалон хызæгты дæр газет ахсы йæхи бынат. Ам хистæрты æмрæнхъ зæрдæрайгæйæ кусынц фæсивæды хуыздæр минæвæрттæ. Куыст нæ баурæдтой бæрæгбæтты дæр, уæдæ абоны номырыл дæр бацархайдтой æмæ рауад мидисджын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania