филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:49 суббота, 31 января 2026
21 ноября 2025, 10:34
Абон у Телеуынынады æппæтдунеон бон

Уыцы бон 1996-æм азы Иугонд Нациты организаци сарæзта фыццаг дунеон телефорум

Абон у Телеуынынады æппæтдунеон бон. Уыцы бон 1996-æм азы Иугонд Нациты организаци сарæзта фыццаг дунеон телефорум. Уæвгæ, телеуынынадæн ис стыр ахадындзинад æгас дунейы сабырдзинад тауыны хъуыддаджы. Цæгат Ирыстоны кусынц цалдæр телекомпанийы. Уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи аудитори. Фæлæ статистикæ куыд амоны, афтæмæй телевизормæ кæсджытæ арæхдæр равзарынц паддзахадон телерадиокомпани «Алани» æмæ национ телекомпани «Осетия-Ирыстон». Нæ республикæйы фыццаг телецентр арæзт æрцыд 1957-æм азы. Бакуыстой йыл хæдахуыр энтузиасттæ. Дæсгай азты фæстæ паддзахадон радио æмæ телеуынынады комитет сси паддзахадон телерадиокомпани «Алани». Абон нæ комапни аразы радиобакастытæ æмæ комкоммæ эфиры телеравдыстытæ, интернет-проекттæ æмæ афтæ дарддæр. Нырыккон телеуынынад баиу кодта æцæг профессионалты. Уыдон равзæрст дæсныйад уарзынц зæрдæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania