филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:31 суббота, 28 сентября 2024
25 октября 2019, 15:11
Абон у Уæрæсейы Федерацийы таможняйы кусæджы бон

Цæгатирыстойнаг таможня арæзт æрцыд 27 азы размæ Дзæуджыхъæуы таможняйы посты бындурыл

Абон у Уæрæсейы Федерацийы таможняйы кусæджы бон. 1653-æм азы нæ бæстæйы фыццаг хатт фæзынд таможняйы иумæйаг устав. Уæдæй фæстæмæ сси паддзахадон службæ æмæ арæзт у бæстæйы экономикон бартæ хъахъхъæнынимæ. Цæгатирыстойнаг таможня та кусын райдыдта 27 азы размæ. Хаст æм æрцыд 21 хайады, 2 службæйы, 4 хæдбар хайы æмæ 5 таможняйы посты: Дæллаг Зæрæмæг, Уæллаг Ларс, Дзæуджыхъæуы Аэропорт, Мæздæджы æмæ Дзæуджыхъæуы постытæ. Паддзахадон арæны дæргъ у 170 километры.

1200 метры денджызы æмвæзадæй уæлдæр. Алæмæты æрдзон бынæтты Дайраны ком. Арвы коммæ фæндаг Уæрæсейы нымад у æппæтæй рæсугъддæрыл. Таможняйы посты кусджытæ контролон пункт «Уæллаг Ларс»-ы бæстæйы экономиæйы æдасдзинады сæраппонд. Цæгатирыстойнаг службæйыл цæуы 27 азы. Уадзæн пунктæн бындур æвæрд æрцыди 1992-æм азы октябры, 2009-æм азы йæ рацарæзтой, фæзынди дзы ног бæстыхæйттæ, сифтонг æй кодтой нырыккон техникон фæрæзтæй. Уæд райдыдта таможняйы посты ног истори дæр. Фæлæ æнæивгæ баззадысты йæ традицитæ.

Уæллаг Ларсы уылты чи цæуы, уыдоны номхыгъд гыццыл нæу. Цæуынц Сомихæй, Гуырдзыйæ, Азербайджанæй, Туркæй. Товартæ ласынц Европæйæ дæр. Ам сæм цæуы бæстон цæстдард. Кæд искæуыл фæгуырысхо вæййынц, уæд райдайы оперативон куыст.

Алы фæлтæрдджын кусæгмæ дæр уал азмæ бирæ цымыдисаг цаутæ æрæмбырд ис.

Таможняйы куыст зынгæ фæкъуылымпы вæййы зымæгон. Æрдзон уавæртæ æмæ фæндаджы хицæндзинæдты тыххæй. Фæндаг дзы у нарæг. Уымæ гæсгæ, хæххон бынæттæ арæх æрæхгæнынц. Уый та расайы машинæты стыр радмæ. Фæлæ, ам дæр ис рухс фидæн, зæгъынц таможняйы кусджытæ. Тагъд рæстæджы хъуамæ фæндаг фæуæрæхдæр кæной. Бирæ азты кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, уыцы куыстытæ райдайдзысты 2020-æм азы. Рацарæзт ахæсдзæн 2 азы.

Афæдзæй-афæдзмæ товарты нымæц кæны фылдæр, æмæ амæй фæстæмæ дæр уыдзни афтæ. Зæгъæм, кæд 5 азы размæ контролон уадзæн пункты уылты суткæмæ дыууæрдæм дæр 70 машинæйæ фылдæр нæ цыди, уæд ныр та 7 сæдæ- 8 сæдæ машинæйы. Уый хыгъд кусджыты нымæц нæ ивы. Сæ ныхæстæм гæсгæ, цæфæнды контролон оргæны куыст дæр аразгæ у, æмхæццæ службæты æмархайдæй. Уыимæ та – иумæйаг куысты хатдзæгтæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania