филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:36 воскресенье, 01 февраля 2026
22 июня 2023, 11:23
Абон Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист Гæздæнты Булат бæрæг кæны йе 87 авд азы гуырæн бон

Ирон фæндыры дæсны 50 азæй фылдæр разамынд дæтты адæмон инструментты оркестрæн

Абон зындгонд композитор, Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артист, республикæйы фыццаг Фæллойы хъæбатыр Гæздæнты Булат бæрæг кæны йе 87 авд азы гуырæн бон. Ирон фæндыры дæсны 50 азæй фылдæр разамынд дæтты адæмон инструментты оркестрæн. 2018-æм азæй фæстæмæ хæссы йæ ном. Гæздæнты Булаты фæрцы бахъахъхъæдтой ирон композиторты, æмбал кæмæн нæй, ахæм уацмыстæ, радта сын ног зæлтæ. Уымæй уæлдай ныффыста бирæ ирон зарджытæ, стæй спектакльтæм мелодитæ. Йæ ныффыст зарджытæ-иу уайтагъд систы адæмон.  Булат схъолмыл кодта музыкантты æмæ композиторты цалдæр фæлтæры. Сæ нæмттæ хъуыстгонд сты æгас Уæрæсейыл. Гæздæнты Булат у ирон фольклор æмбырдæнæг æмæ ахуыргæнæн æрмæджыты автор.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania