филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:09 пятница, 03 мая 2024
15 марта 2024, 12:07
Абон Уæрæсейы æппæт регионты райдытой президенты æвзæрстытæ

Цæудзысты æртæ боны, 17-æм мартъимæ

Абон Уæрæсейы æппæт регионты райдытой президенты æвзæрстытæ. Цæудзысты æртæ боны, 17-æм мартъимæ. Нæ бæстæйы разамонæджы бынатмæ ис цыппар кандидаты — Паддзахадон думæйы сæрдары хæдивæг, бюджеты æмæ хъалонты комитеты уæнг Вячеслав Даванков, нæ бæстæйы президент Владимир Путин, Паддзахадон думæйы депутат, дунеон хъуыддæгты комитеты сæрдар Леонид Слуцкий, Паддзахадон думæйы депутат, Дард Скæсæны æмæ Арктикæйы райрæзты комитеты сæрдар Николай Харитонов. Æртæ бонты Цæгат Ирыстоны кусдзæн 331 æвзарæн участоккы. Ноджыдæр ма 24 хайады байгом уыдзысты, адæм рæстæгмæ цы бынæтты вæййынц, уым. Æппæт участокты æхсæвæй бонæй уыдзæнис видеоцæстдард. Пайда кæндзысты, бюллетеньтæ нымайæн 66 сæрмагонд комплексæй. 15-æм æмæ 16-æм мартъйы æвзæрстытæ ацæудзысты нæ республикæйы 18 дæрддзæф æмæ зынбацæуæн бынаты. Афтæмæй сæ хъæлæстæ ратдзысы 858 æвзарæджы. Æвзæрстыты цыдмæ цæст дардзысты иу мин адæймаджы онг. Уыдон раздæр ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ.

Æвзæрстыты агъоммæ ма Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд координацион советы æмбырд. Ныхас цыд барад хъахъхъæныны фарстатыл. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй хицаудзинады оргæнты æмæ барадхъахъхъæнæн структурæты иумæйаг хæс у алцыдæр закъонмæ гæсгæ саразын.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania