филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:32 понедельник, 15 декабря 2025
10 февраля 2020, 18:19
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц дипломатон кусæджы бон

Уæвгæ та дипломати у аивады хуызæн

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц дипломатон кусæджы бон. Уæвгæ та дипломати у аивады хуызæн. Ацы къабазы уылты ис нæ бæстæйы истори æмæ нырыккон цард хъахъхъæнын. Ахæм дæсны специалисттæ ис нæ республикæйы дæр. Се хсæн – Дзасохты Алыксандр. Йæ политикæ кæддæриддæр хицæн кодта цалдæр хъуыддагæй. Бæстæйы интерестæ хъахъхъæнын, стæй хæлар сыхæгты æмæ æмцæдисонты агурын. Йæ рæстæджы Дзасохты Алыксандр разамынд лæвæрдта Азийы æмæ Африкæйы бæстæты советон комитетæн. Уым уæвгæйæ, кодта ахсджиаг куыст. Комитетæн уыд ахсджиаг бынат, колонийы фæткæй суæгъд кæнынмæ чи хъавыд, уыцы бæстæты æмæ паддзахадты бартæ хъахъхъæныны хъуыддаджы. Дзасохты Алыксандр куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ уæлдæй ахсджиагдæр у, раздæр Советон Цæдисы хыгъды чи уыди, уыцы бæстæты хсæн хæлар ахастдзинæдтæ тауын æмæ фидар кæнын. Ирыстойнаг дипломатмæ цы миниуджытæ ис, уыдон-иу бацагуырдтой алы æмвæзадыл. Æмæ хуымæтæджы нæ уыди, 80-йæм азты Алыксандры кæй снысан кодтой Сирийы Араббаг республикæйы æххæстбарджын минæварæй. Дзасохы-фырт кæддæриддæр æууæнкджын æмæ æнувыд уыд уæрæсейаг дипломатийыл. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Уæрæсейы дипломати стыр æвæрæн бахаста Ирыстоны адæмы цардмæ дæр. Æддагон политикон къабазы Дзасохты Алыксандр фæкуыста 30 азы онг. Разамынд лæвæрдта алыхуызон делегацитæн, куыста Нациты Иугонд Организацийы. Хорзæхгонд æрцыд паддзахадон хæрзиуджытæй: «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» 3 Орденæй, «Александр Невскийы» æмæ «Кады» Ордентæй, Президенты кады грамотæйæ æмæ æндæр арфæйы фыстæджытæй. Се ппæт дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæстæйы æддагон политикон архайды тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania