Мысæн мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы Хæлардзинады хæдзары
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Мысыны æмæ Хъыджы бон. 81 азы размæ фашистон Германи хæст æнæ расидгæйæ ныббырста Советон Цæдисмæ. Афтæ райдыдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Æгъатыр хæст ахаста 27 милуан советон адæймаджы цард. Æрмæст Ирыстонæй хæстмæ араст 90 мин хæстоны. Уыдонæн се мбис фæстæмæ нал æрбаздæхт. Абон нæ бæстæйы милуангай цæрджытæ хъыг кæндзысты æмæ мысдзысты, хæсты быдыры æнусмæ чи баззад, нæ уыцы æмзæххонты. Æгас бæстæйы æруаддзысты Паддазхадон тырысатæ, культурæйы куыстуæтты, радио æмæ телеуынады та нæ уыдзæн ирхæфсæн программæтæ. Хъæуты, горæтты ацæудзæн саударæн митингтæ, хæстонты цыртдзæвæнтæм та сæвæрынц веноктæ æмæ дидинджытæ. Мысæн мадзал арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы Хæлардзинады хæдзары дæр. Хуынд æм æрцыдысты ветерантæ. Сæ фарстатæн сын дзуæппытæ лæвæрдтой Дзæуджыхъæуы æхсæнадон Советы уæнгтæ, национ политикæйы æмæ æддагон бастдзинæдты министрады, стæй горæты администрацийы минæвæрттæ. Ныхас цыд ветеранты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, стæй фæсивæды патриотон хъомыладыл. Æппæт æркæсинаг фарстатæ дæр лæвæрд æрцыдысты бæрнон оргæнтæм.




