филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:18 вторник, 16 декабря 2025
11 января 2022, 11:18
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц национ паркты æмæ фæдзæхст бынæтты бон

Сфидар æй кодтой 1997-æм азы хъæддаг æрдзы дунеон фонды хъæппæрисмæ гæсгæ

Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц национ паркты æмæ фæдзæхст бынæтты бон. Сфидар æй кодтой 1997-æм азы хъæддаг æрдзы дунеон фонды хъæппæрисмæ гæсгæ. Абон Уæрæсейы ис 100 фæдзæхст бынаты æмæ 35 национ парчы. Уыдон хъахъхъæнынц зайæгойты æмæ цæрæгойты 80 проценты. Цæгат Ирыстоны фыццаг æрдзхъахъхъæнæн бынат фæзынд 1958 азы. Уæд Алагиры районы 30 мин гектары фæзуатыл сарæзтой Цъæйы фæдзæхст бынат. 1967 азы та байгом кодтой Цæгат Ирыстоны паддазхадон фæдзæхст бынат. Йæ хыгъды хъæдгæстæй уæлдай уыдысты наукон кусджытæ дæр. Уыцы бынатмæ ввахс ис национ парк Алани. Ис Дыгургомы æмæ байгом 1998 азы. Йæ нысан у, æмбал кæмæн нæй, ахæм æрдзон комплекстæ бахъахъхъæнын. Уымæй уæлдай у туризмы къабазы райрæзты фидар хъомыс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania