филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:28 среда, 17 декабря 2025
25 февраля 2014, 16:57
Абон уыд фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады Хицауады къамисы æмбырд

Йæ разамонæг, Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий бафиппайдта, январы бæрæггæнæнтæ мæты кæй æфтауынц:

50 фæндаггон фыдбылызы фæмардысты 12 адæймаджы, 72 фæцæфтæ сты. Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады паддзахадон инспекцийы сæргълæууæг Беккуызарты Хасанбег куыд загъта

Абон уыд фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады Хицауады къамисы æмбырд
Абон уыд фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады Хицауады къамисы æмбырд. Йæ разамонæг, Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий бафиппайдта, январы бæрæггæнæнтæ мæты кæй æфтауынц:

50 фæндаггон фыдбылызы фæмардысты 12 адæймаджы, 72 фæцæфтæ сты. Фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады паддзахадон инспекцийы сæргълæууæг Беккуызарты Хасанбег куыд загъта, афтæмæй фыдбылызтæн се ‘рдæг æрцыдысты, шофыртæ æгæр тагъд кæй цыдысты, уый аххосæй. Январы æдæппæтæй, фæндæгтыл цæуыны уагæвæрд хæлд кæм æрцыд, ахæм цауты нымæц у 33 мины 934. Тæрхондæтты уынаффæтæм гæсгæ, 416 адæймагæн ист æрцыдысты машинæйыл цæуыны бар дæттæг гæххæттытæ, 830 адæймаджы фæивар кодтой. Къамисы уæнгтæ ма æрдзырдтой бæлццæтты цард æмæ æнæниздзинады æнæмæнг фæдзæхстады фарстайыл. Уый тыххæй хъуамæ фæдзæхст уа шофыры бæрнондзинад. Боны фæткы фарстатæй иу баст уыд шофырты æнæниздзинадмæ хъус дарынимæ. Алы автотранспортон куыстуаты дæр хъуамæ уой фадæттæ, цæмæй рейсы рацæуыны агъоммæ алы шофыры дæр бæрæг кæной дохтыртæ. Уыцы домæн хауы маршрутон такситы иугæндтæм дæр. Æрдзырдтой ма скъоладзауты фæндæгтыл цæуыны домæнтыл ахуыр кæныныл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania