филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 понедельник, 23 июня 2025
29 ноября 2013, 11:12
Абон уыд хицауады æмбырд

Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Каст цыд «Республикæйы паддзахадон æвзæгты тыххæй» закъоны проектмæ.

Абон уыд Хицауады радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Каст цыд «Республикæйы паддзахадон æвзæгты тыххæй» закъоны проектмæ.

Уымæ гæсгæ ирон æвзаджы ирон æмæ дыгурон диалекттæ, стæй уырыссаг æвзаг Цæгат Ирыстоны – Аланийы нымад сты паддзахадон æвзæгтыл, хицаудзинады оргæнты сæйрагдæр хæс та у, ирон æвзаг хъахъхъæныныл æмæ рæзтыл архайын. Фидаргонд æрцыд Уæлахизы 70 азы юбилей бæрæг кæныны мадзæлтты пълан. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн кад кæнынæй уæлдай дзы сæрмагонд бынат ахсы фæсивæдимæ куыст. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой паддзахадон социалон æххуыс исыны уагæвæрдыл социалон контракты бындурыл. Сывæллæтты пособитæ фидыны фæтк дæр æрцæудзæн ивд. Кæд æмæ раздæр ныййарджытæ алы аз дæр лæвæрдтой сæ æфтиæгты æвдисæнтæ, уæд ныр ахæм документтæ дæттын хъæудзæн æртæ азы иу хатт.

Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад куыд банымадта, афтæмæй ацы азы 3-аг кварталы нæ республикæйы фæцæрынæн æппын къаддæр рæстæмбис нымадæй бахъуыд 6 мины 496 сомы. Уыимæ куыстхъом адæймагæн – 6 мины 918 сомы, пенсиисæгæн – 5 мины 287, сывæллонæн та – 6 мины 483 сомы.

Зынгсирвæзты аххосæй Мызуры йæ исбон кæмæн фесæфт, уыцы адæмæн райдайдзысты фидын æхца. Федералон бюджетæй уымæн фæрæзтæ дихгонд æрцыдысты.

Æмбырды архайджытæ бæстонæй æрдзырдтой, хицаудзинады оргæнтæ адæмы курдиæттимæ куыд кусынц, ууыл. Фæстаг цалдæр азы курдиæттæ фылдæр кодтой, ацы аз та фæкъаддæр сты. Цæстдард ис, дзуапп цавæр æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæуы, стæй цас раст вæййы, уымæ. Такъоты Сергей куыд бафиппайдта, афтæмæй фылдæр хæстæ хауы бынæттон администрацитæм, уымæн æмæ адæммæ хæстæгдæр сты, уымæй уæлдай бæлвырд хæстæ ис министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæн.

Цæгæраты Аслан, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæджы хæдивæг: «Бынæттон администрациты хицæуттæ сæхæдæг æмбæлынц адæмимæ, сæ фарстатæ сын лыг кæнынц æмæ ацы куыст фæхуыздæр. Хицауады сæрдар ма сæвæрдта хæс, цæмæй алы министр æмæ комитеты сæрдар фембæлдтытæ сараза алы горæты æмæ хъæуы, адæмы курдиæттæ хъуамæ сæхæдæг фехъусой, цы сæ зæрдæмæ нæ цæуы, цы фæхуыздæр кæнын хъæуы, уый. Карджын адæм фылдæр ахуыр сты ныффыссыныл, зæгъыныл. Æрыгæттæ та пайда кæнынц компьютерæй. Уый æнцондæр у. Хæдзары бадыс æмæ дæ курдиат дæттыс электрон адрисмæ, стæй дзуапп исыс. Уый хуыздæр у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania