филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:21 воскресенье, 19 мая 2024
28 октября 2013, 16:53
Абон уыд Хицауады æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей

Каст цыд фидæны æртæ азы бюджетмæ. Республикæйы сæйраг финансон документ дарддæр лæвæрд æрцыд Парламентмæ, цæмæй йæм æркæсой депутаттæ æмæ йæ сфидар кæной закъоны хуызы.

Абон уыд Хицауады æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей
Абон уыд Хицауады æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Каст цыд фидæны æртæ азы бюджетмæ. Республикæйы сæйраг финансон документ дарддæр лæвæрд æрцыд Парламентмæ, цæмæй йæм æркæсой депутаттæ æмæ йæ сфидар кæной закъоны хуызы. Уыимæ ма, ног домæнтæм гæсгæ, фидаргонд æрцыдысты паддзахадон программæтæ алы къабæзтæн. Баивдзысты, ныронг цы республикон программæтæ уыд, уыдоны. Хатдзæгтæ скодтой, ацы азы фараст мæймæ бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уымæн. Финансты министр Наталья Царева куыд радзырдта, афтæмæй æфтиæгтæ хæрдзтæй рауадысты фылдæр, ома, бюджет сæххæст кодтой профицитимæ. Хи æфтиæгтæ сырæзтысты 886 милуан сомы бæрц. Æрдзырдтой фидæн азы бюджеты æмæ хъалонты политикæйы бындурыл. Хъуамæ дарддæр цæуа куыст æфтиæгтæ фылдæр кæныныл, къазнайы æхца ахадгæдæрæй хардз кæныныл, республикæйы социалон-экономикон рæзтæн хъæугæ мадзæлттæ аразыныл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania