филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:25 четверг, 09 мая 2024
01 марта 2013, 19:54
Абон уыд Хицауады радон æмбырд

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 25 фарстайы.Æрдзырдтой республикæйы ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты хатдзæгтыл. 2011-æм азимæ абаргæйæ, æппæт бындурон къабæзты дæр æвдисæнтæ сты бæрзонддæр.

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Боны фæткмæ рахастой 25 фарстайы.

Æрдзырдтой республикæйы ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты хатдзæгтыл. 2011-æм азимæ абаргæйæ, æппæт бындурон къабæзты дæр æвдисæнтæ сты бæрзонддæр. Экономикон рæзты министрады информацимæ гæсгæ, къаддæр сты бæлццæттæ ласыны бæрæггæнæнтæ, хæрдзтæ æфтиæгтæй фылдæр кæм сты, ахæм куыстуæттæ та сты 46% фылдæр. Хъæууон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, социалон лæггæдты æмæ ахуырады кусджыты мызд дæр, иннæ къабæзтимæ абаргæйæ, нырма у ныллæгдæр. Хицауад цы уынаффæ рахаста, уым нæсынгонд сты æппæт министрадтæ æмæ ведомствоты бакусинаг фарстатæ. Боны фæткы цалдæр фарстайы баст уыдысты ахуырадимæ. Фидаргонд æрцыдысты иумæйаг ахуырад ног хуызы рацаразыны мадзæлттæ. Хаст ма ‘рцыд уынаффæ, цæмæй баиу кæной Дзæуджыхъуы базарадон-экономикон техникум æмæ 17-м профессионалон лицей, 7-æм æмæ 9-æм, стæй 5-æм æмæ 10-æм училищæтæ. Уый хъуамæ фæахъаз уа специалистты хуыздæр цæттæ кæнынæн. Кусæндæтты ахуырдзауты æмæ кусджыты бартæ ахæм мадзæлттæ нæ бахъыгдардзысты. Рахастой ма уынаффæ Дзæуджыхъæуы райдайын ног хид аразыны тыххæй. Баиу кæндзæн Павленко æмæ Гæдиаты Секъайы номыл уынгтæ. Такъоты Сергей куыд загъта, афтæмæй ацы фарста нысангонд æрцыд Хицауады æмæ горæты администрацийы иумæйаг фембæлды, æмæ йыл хъæуы æвæстиатæй кусын райдайын. Фидаргонд æрцыд, адæмæн сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæныны фадæтты тыххæй республикон программæ.

Алидзаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы архитектурæйы æмæ арæзтадон политикæйы министр: «Программæйы мадзæлттæ сты ног. Раздæр цы уынаффæ уыд, уымæ гæсгæ граждæнты хицæн категоритæн бюджетæй фыстам кредиттæн сæ проценттæ. Уыцы уынаффæ баивтам. Ныртæккæ цы проект рахастам, ууыл иуылдæр сразы сты æмæ уыдзæн афтæ: бюджетæй фиддзысты ипотекон кредитæн йæ фыццаг æхцайы бавæрæн. Фиддонтæ исдзысты, бирæ сывæллæттæ кæмæн ис, уыцы бинонтæ, бюджетон къабæзты кусджытæ, æрыгон бинонтæ, йæ цæрыны уавæртæ хуыздæр кæнинаг кæмæн сты, уыдон».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania