филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:51 воскресенье, 13 июля 2025
15 ноября 2013, 14:45
Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт

Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонæн сæ фылдæр баст уыдысты фидæн азы республикæйы цардархайдимæ. Бюджетон кодекс куыд амоны, уымæ гæсгæ алы министрад æмæ

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт
Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонæн сæ фылдæр баст уыдысты фидæн азы республикæйы цардархайдимæ. Бюджетон кодекс куыд амоны, уымæ гæсгæ алы министрад æмæ ведомствойæн дæр хъуамæ уа ног паддзахадон программæ. Æмбырды фидаргонд æрцыдысты цалдæр къабазы программæтæ. Уыимæ фидæн азы бюджет, стæй æппæт хъæугæ документтæ бацæттæ кодтой афоныл, ныртæккæ сыл кусы Парламент.

Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, 2014-æм аз нымад уыдзæн Культурæйы азыл. Уый фæдыл нæ республикæйы фидаргонд æрцыдысты бæлвырд мадзæлттæ.

Хицауадмæ барвыстой курдиат, цæмæй Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæм уа туристон фæндаг. Уый тыххæй дзы хъуамæ конд æрцæуа æмбæлгæ инфраструктурæ, цæмæй бæлццæттæн æнæкъуылымпыйæ сæ бон уа ацы бынатмæ цæуын.

Æмбырды бæстонæй æрдзырдтой зымæгмæ цæттæдзинадыл. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æппæт мадзæлттæ конд æрцыдысты, цæмæй хъармгæнæн рæстæг ацæуа æнæ стыр зындзинæдтæй.

Республикæйы разамынды мæты æфтауы Æрæфы районы уавæр. Стыр хæстæ дзы ис газы, доны æмæ электрон тыхы фиддонтæн.

Хадыхъаты Азæмæт, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг: «Зымæг куы æрбахæццæ вæййы, уæд алы объектæн дæр вæййы цæттæдзинады паспорт, сæ къух дзы æрæвæрынц æппæт цæстдарæг ведомствотæ. Ныртæккæ уыцы паспорттæ алы организацимæ дæр сты. Тæвдгæнæнты ивæн агтæ лæууынц. Хохы Фиагдоны æрдзон газ нæма и, фæлæ тæвдгæнæнæн мазут баластой. Иннæ тæвдгæнæнтæ æмæ хæтæлтæ дæр цæттæ сты. Кæронбæттæны ныхас уыд Æрæфы районыл. Æвзæрстытæ ахицæн сты, фæлæ уавæр хуыздæр нæ кæны. Ныхас цыд ууыл, æмæ Мамсыраты Таймуразмæ нæ курдиат бахæссæм, цæмæй дзы рæстæгмæ администраци саразæм, закъонмæ гæсгæ куыд æмбæлы, ахæм тæрхон куыд рахæссæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania