филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:12 понедельник, 04 августа 2025
31 октября 2013, 16:49
Абон уыд Парламенты 14-æм æмбырд

Амыдта йæ Алексей Мачнев. Боны фæткмæ гæсгæ, æркастысты Уæрæсейы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл федералон закъоны проектмæ.

Абон уыд Парламенты 14-æм æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Боны фæткмæ гæсгæ, æркастысты Уæрæсейы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл федералон закъоны проектмæ.

Баст сты Уæлдæр тæрхондонимæ æмæ прокуратурæимæ. Ныхас цыд бюджетон ахастдзинæдтæм, стæй сæйраг республикон финансон документ æххæст кæнынмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Бæстонæй æркастысты «Ветерантæн социалон æххуысы мадзæлтты тыххæй» республикон закъон æххæст кæныны фарстамæ дæр. Абон нæ республикæйы ис 63 мины æмæ 600 ветераны, уыдонæй 42 мины æмæ 600 пайда кæнынц льготæтæй, иннæтæ та сæ льготæтæ баивтой. Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитет куыд сбæрæг кодта, афтæмæй домæнтæм гæсгæ, ветерантæ æххæстæй исынц æппæт социалон æххуыс. Хицауады сахаты каст цыд цæрæн-коммуналон хæдзарады уавæрмæ. Боны фæткы ахсджиагдæр фарста баст уыд республикæйы Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ, цæмæй республикæйы Сæргълæууæджы æвзара Парламент, Уæрæсейы Президент цы кандидатурæтæ бахæсса, уыдонæй. Бирæ алывæрсыг хъуыдытæ загътой депутаттæ, фæлæ сæ фылдæр сразы сты ахæм уынаффæимæ.

Уататы Зелим, РЦИ-Аланийы Парламенты депутат: «Мæнмæ гæсгæ, растдæр у, адæмы куыд фæнды, афтæ кæнын. Абон мах цы адæмимæ æмбæлæм, уыдон зæгъынц: «Сымахыл кæд баууæндыдыстæм, уæд уыцы фарстаты дæр сымахыл æууæндæм». Сæ мæгуырдзинад сын фаг у, æмæ ма сæ ногæй змæнтæм, уый сæ нæ фæнды. Фæнды сæ, цæмæй йæ депутаттæ равзарой, ууыл схъæлæс кæнæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania