Боны фæткы ахсджиагдæр фарста баст уыд фидæн азы бюджетимæ. Закъоны проектмæ, дыккаг бакастмæ цæттæ кæнгæйæ, æркастысты æппæт комитетты. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2014-æм азæй фæстæмæ бюджет æххæстгонд цæудзæн паддзахадон программæтæм гæсгæ.
Боны фæткы ахсджиагдæр фарста баст уыд фидæн азы бюджетимæ. Закъоны проектмæ, дыккаг бакастмæ цæттæ кæнгæйæ, æркастысты æппæт комитетты. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2014-æм азæй фæстæмæ бюджет æххæстгонд цæудзæн паддзахадон программæтæм гæсгæ. Ныридæгæн сæ алы къабазæн дæр Хицауад сфидар кодта. Депутаттæй бирæтæ загътой сæ хъуыдытæ сæйраг финансон документы фæдыл. Се ‘ргом аздæхтой æрдæгмæ арæзт объекттæ фæуыны, тагъд медицинон æххуысы машинæты нымæц фæфылдæр кæныны, бюджетон æхца цас ахадгæйæ хардзгонд цæуынц, уымæ хъус дарыны хъуыддæгтæм.
Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Уæрæсейæ бирæ аразгæ у. Уæрæсейы программæтæ мах программæтимæ иу фæндагыл куы нæ цæуой, уæд зын уыдзæн. Цы фæнды программæтæ куы уа, уæддæр кусын хъæуы. Нæ министрадтæ хъуамæ федералон министрадтимæ кусой, æнæ уымæй нæ бон ницы уыдзæн. Федералон бюджетæй æхца куы цæуа, уæд нæ бон ницы уыдзæн, уымæн æмæ Ирыстонæн йæхицæн уыйбæрц æхца бакусын нæу, цæмæй адæмы раз нæ хæстæ æххæст кæнæм».
Хицауады сахаты каст цыд æнæниздзинадхъахъхъæнынад ног хуызы рацаразыны программæ æххæст кæнынмæ. Республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Владимир Селиванов куыд загъта, афтæмæй æппæт мадзæлттæн æртæ азмæ радих кодтой 2миллиарды æмæ 700милуан сомы. Уыдонæн сæ 97% ныридæгæн хардзгонд æрцыдысты. Парламенты сæрмагонд къамис куыд сбæрæг кодта, афтæмæй модернизацийы нысантæ æххæстгонд æрцыдысты хорз. Парламенты депутат Касаты Таймураз бахаста фæндон, цæмæй бæстонæй каст æрцæуа, республикæйы цæрджытæ цы электрон тых æмæ газæй пайда кæнынц, уыдоны хæрзхъæддзинадмæ, уымæн æмæ домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Хицауады ацы фарстаты фæдыл ныридæгæн кусы сæрмагонд къамис. Æмбырды кæронбæттæны Алексей Мачнев хатдзæгтæ скодта афæдзы архайдæн. Фидаргонд æрцыдысты 68 закъоны. Адæмы курдиæттæй депутаттæ æркастысты 3250-мæ, 1500 адæмагимæ уыд хицæн фембæлдтытæ. Уыимæ Парламенты сæрдар фæсидт депутаттæм, цæмæй сæ фылдæр закъонадон хъæппæристæ цæуа, уымæн æмæ республикæйы цардархайды лыггæнинаг фарстатæ бирæ ис.
