филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:20 вторник, 16 декабря 2025
27 февраля 2014, 16:54
Абон уыд Парламенты 18-æм æмбырд, амыдта йæ Алексей Мачнев

Паддзахадон Думæмæ æрвыст æрцыдысты республикæйы Сæргълæууæджы хъæппæристæ, амынд дзы куыд ис, афтæмæй хъуамæ федералон закъонæй фæкарздæр уой, насвай чи уæй кæны, уыдонæн æфхæрæн мадзæлттæ, стæй къаддæр уæйгонд цæуой энергетикон нозт, уымæн æмæ стыр знаггад хæссы фæсивæдæн.

Абон уыд Парламенты 18-æм æмбырд, амыдта йæ Алексей Мачнев. Паддзахадон Думæмæ æрвыст æрцыдысты республикæйы Сæргълæууæджы хъæппæристæ, амынд дзы куыд ис, афтæмæй хъуамæ федералон закъонæй фæкарздæр уой, насвай чи уæй кæны, уыдонæн æфхæрæн мадзæлттæ, стæй къаддæр уæйгонд цæуой энергетикон нозт, уымæн æмæ стыр знаггад хæссы фæсивæдæн. Дыууæ закъоны проекты баст уыдысты культурæйы къабазимæ. Уыдонмæ гæсгæ, бæлвырд хæстæ æвæрд цæуынц бынæттон хиуынаффæйадыл кусæндæттæн æххуыс кæныны. Уымæй уæлдай хъуамæ конд æрцæуой мадзæлттæ этнографион туризмы рæзтæн. Библиотекæтæм та раздæрау фадат уыдзæн лæвар цæуынæн. Депутаттæн фехъусын кодтой скъоладзауты хæлцады уавæры тыххæй. Къуылымпыдзинæдтæ уыд, бынæттон хиуынаффæйад фаг кæй нæ архайдта ацы фарстайыл, уый тыххæй. Æркæсын ма хъæуы, хойраг цавæр æргътæй æлхæнынц, уымæ, стæй æнгомдæрæй кусын хъæуы республикæйы аграрон къабазимæ, цæмæй сывæллæтты хæлцадæн фылдæр пайда кæной бынæттон хойрагæй. Уæлæмхасæн мадзæлттæ ссардта Хицауад фæкæсынхъуаг бинонтæн æххуыс кæныны фарстайы. Æмбырды бæстон ныхас уыд прокуратурæйы архайдыл, иумæйагæй закъонад республикæйы куыд хъахъхъæд цæуы, ууыл. Æрдзырдтой ма адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг æххæстбарджын кусæджы архайдыл дæр.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania