филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:51 понедельник, 15 декабря 2025
25 декабря 2012, 15:18
Абон уыд Парламенты 5-æм æмбырд

Ацы аз уыд фæстаг, æмæ йæ амыдта Парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Депутаттæ цы ахсджиаг фарстатæм æркастысты, уыдоны ‘хсæн уыдысты республикæйы бюджет , стæй медицинон фæдзæхстады фонды бюджет фидæн азæн.

Ацы аз уыд фæстаг, æмæ йæ амыдта
Парламенты сæрдар Алексей Мачнев. Депутаттæ цы ахсджиаг фарстатæм
æркастысты, уыдоны ‘хсæн уыдысты республикæйы бюджет

, стæй медицинон фæдзæхстады фонды бюджет фидæн азæн.

Парламент цы закъон сфидар кодта, уымæ
гæсгæ республикæйы Конституцимæ хаст æрцыдысты ивддзинæдтæ. Кæд æмæ
раздæр республикæйы сæйраг закъонæвæрæг органы сæрдарæн хъуамæ уыдаид иу
хæдивæг, уæд ныр бар уыдзæн, цæмæй уа цалдæр хæдивæджы. Сæ нымæц сын
Парламент нысан кæндзæн йæхæдæг. Дыккаг бакасты бæстон ныхас уыд фидæн
азы бюджетыл. Æппæт комитеттæ дæр йыл лæмбынæгæй бакуыстой, бахастой
ивддзинæдтæ. Афтæмæй бюджет фидаргонд æрцыд.

Хæдарцаты Аслæнбег, РЦИ-Аланийы
Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Бирæ фракцитæ
сæ хъуыдытæ загътой. 130 милуан сомы бафтыдтам «Тагъд æххуысы» кусджыты
мызд фæфылдæр кæнынæн, стæй сын сæ куысты фадæттæ фæхуыздæр кæнынæн. Ног
азмæ цæуæм ног бюджетимæ. Кусын йыл хъæудзæн дарддæр, æфтиæгтыл дæр,
хæрдзтыл дæр».

Депутаттæ ма цы фарстатыл дзырдтой,
уыдон баст уыдысты фæндæгты фонды æхцатæ дих кæнынимæ, чысыл бизнесæн
æххуыс кæныны фæрæзтæ куыстуæттæн дæттынимæ. Парламенты сæрдар Алексей
Мачнев бахæс кодта, цæмæй бюджет æххæст кæныны фæдыл алы кварталæн
дзуапп дæтгæйæ, хатдзæгтæ кæной республикон инвестицион программæйыл
куыстæн дæр. Хицауады сæрдар Такъоты Сергей куыд загъта, афтæмæй хи
æфтиæгтæ уæлдæр кæнынæй уæлдай, кусдзысты федералон программæты
архайыныл дæр, цæмæй республикæйы рæзтмæ фылдæр фæрæзтæ æрбаздахой.

Такъоты Сергей, РЦИ-Аланийы Хицауады
сæрдар: «Бюджет æнцон æххæст кæнæн никуы вæййы, æхца нæ фæфаг кæны.
Фæлæ, цас æмбæлы, цас нысан кодтам, уыдон ныффидар кодтой. Депутаттæ
загътой, цæмæй алы кварталы дæр Хицауад дзуапп дæтта, æмæ уыцы хатдзæгтæ
депутаттæ фидар кæной. Мæнмæ гæсгæ, уый раст у. Æз сын афтæ дæр
загътон, цæмæй баныхас кæнæм, æмæ алы мæй дæр кæсой. Ацы аз фæстаг
æмбырд уыди Парламентæн, æмæ мæ фæнды зæгъын: Ног азы хорзæх уæд се
‘ппæты дæр. Ног аз ныл дзæбæхæй æрцæуæд, æнæниздзинад æмæ амонд раттæд.
Нæ цард куыд фæхуыздæр уа Ног азы».

Æмбырды кæронбæттæны Алексей Мачнев
бафиппайдта депутатты æмæ фракциты æнгом æмæ бæрнон архайд æппæт
фарстатыл, стæй æппæтæн дæр арфæ ракодта Ног азы фæдыл.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania