Амыдта йæ йæ сæрдар Алексей Мачнев. Æмбырды æрдзырдтой «Республикæйы Сæргълæууæджы тыххæй», «Республикæйы Хицауады тыххæй», «Паддзахадон граждайнаг службæйы тыххæй»
Æмбырды æркастысты закъоны проектмæ, цæмæй ивддзинæдтæ хаст æрцæуой «Энерги фæстауæрц кæныны æмæ дзы ахадгæйæ пайда кæныны» закъонмæ. Хъуамæ арæзт æрцæуа æхцайы фонд, æмæ уый фадат ратдзæн уæлæмхасæн фæрæзтæ æрбаздхынæн коммуналон инфраструктурæмæ базилынæн. Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бахæс кодта, цæмæй республикæйы цæстдарæг-нымайæг палатæ афæдзы кæрон æркæса, уыцы æхцайы фæрæзтæ куыд хардзгонд æрцыдысты, уымæ.
Федералон закъонадмæ гæсгæ, хъуамæ ивддзинæдтæ хаст æрцæуой «Фæллой хъахъхъæныны тыххæй» республикон закъонмæ. Уый хъуамæ фæахъаз уа кусæг адæмы бартæм хуыздæр хъус дарынæн.
Тугъанаты Ларисæ, РЦИ-Аланийы фæллойы æмæ социалон рæзты министр: «Федералон закъонады ног домæнтæм гæсгæ, республикон закъонмæ хæссæм ивддзинæдтæ. Уыдонмæ гæсгæ, кусæн бынæттæн хъуамæ конд цæуа аттестаци, стæй паддзахадон экспертизæ фæллой кæныны фадæттæн. Уымæй уæлдай, куыстады 50 адæймагæй фылдæр куы архайа, уæд куыстуаты хъуамæ уа фæллой кæныны домæнтæм хъусдарæг службæ. Раздæры закъоны та ахæм нормæ уыд, 100 кусæгæй фылдæр кæм уа, ахæм куыстуæттæм».
Депутаттæ ма рахастой уынаффæ, цæмæй Парламенты сæрдарæн уа 3 хæдивæджы. Æртыккаг хæдивæджы равзарынæн хаст æрцыдысты хицæн фракциты минæвæрттæ Кучиты Гарийы, Нурмахамат Будайчиевы æмæ Хъулаты Маргаритæйы кандидатурæтæ. Фылдæр хъæлæстæ радтой Кучиты Гарийыл.
Кучиты Гарий, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдары хæдивæг: «Адæмы сæрыл хъуыды кæндзынæн, адæмæн цæмæй æнцондæр цæрæн уа, адæмы хъæр куыд æмбара хицауад, не ‘ппæт дæр кæрæдзийы куыд æмбарæм, ууыл архайдзынæн. Бузныг, мæныл чи схъæлæс кодта, уыдонæн. Кусдзынæн, мæ бон цас у, уыйбæрц, цæмæй Ирыстон уæлахизмæ цæуа, æмæ æнцондæр цæмæй уа адæмæн».
Парламенты уынаффæйæ Бæтаты Татьянæ Конституцион тæрхондоны нысангонд æрцыд тæрхонгæнæг – секретарæй. Ивддзинæдтæ ма хаст æрцыдысты цалдæр закъонмæ.
Фæрниаты Мæдинæ




