филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:33 воскресенье, 29 сентября 2024
15 января 2013, 17:22
Абон уыд Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты æмбырд

Амыдта йæ йæ сæрдар Тедеты Руслан. Боны фæткмæ цы 5 фарстайы рахастой, уыдонæн сæ фылдæр баст уыдысты фæсивæдимæ æнгомдæрæй кусынимæ.

Амыдта йæ йæ сæрдар Тедеты Руслан. Боны фæткмæ цы 5 фарстайы рахастой, уыдонæн сæ фылдæр баст уыдысты фæсивæдимæ æнгомдæрæй кусынимæ.

Бæстонæй æрдзырдтой фæсивæдон Парламент саразыныл. Раздæр чи уыд, уымæн йæ архайды æмгъуыд фæци. Ныртæккæ кæй æмбырд кæндзысты, уымæ уыдзæн ног домæнтæ. Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав куыд загъта, афтæмæй раздæры фæсивæдон Парламенты куыст, куыд æй нысан кодтой, афтæ нæ рауад, уымæн æмæ йæ уæнгтæ сæ хæстæ раст нæ бамбæрстой æмæ куыд æмбæлы, афтæ нæ архайдтой. Æрыгон фæлтæры сæйрагдæр нысан та у фæсивæдон политикæйы рæзт, æнгомдæрæй архайын паддзахадон хъуыддæгты. Ног фæсивæдон Парламент æмбырд кæндзысты æндæр фæткмæ гæсгæ. Районты æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырдтæ сæхæдæг равзардзысты кандидатурæтæ, кæронбæттæн уынаффæ та рахæсдзæн сæрмагонд къамис.

Тедеты Руслан, РЦИ-Аланийы Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты комитеты сæрдар: «Фæнды мæ зæгъын, цæмæй нæ кæстæртæ хъуыды кæной Ирыстоны сомбоныл, цæмæй райгуырæн зæхмæ уарзондзинад алкæмæн дæр уа йæ зæрдæйы. Уæд уыдзæн æнцондæр кусæн. Районтæм арвитдзыстæм курдиæттæ, цæмæй сæхæдæг равзарой, йе мгæртты хсæн нымад чи у, ахæм минæвæртты. Дарддæр та сæ æвзардзæн хистæр Парламент. Сæ кар хъуамæ уа 16 азæй 35 азы онг. Сæ нымæц та уыдзæн 35 адæймаджы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania