филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:23 понедельник, 15 декабря 2025
06 февраля 2014, 17:23
Абон уыд Парламенты Советы æмбырд

Амыдта йæ Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав.

Растыл нымад æрцыд закъонадон хъæппæрис, цæмæй, æнæзакъонæй æхцайыл хъæзтытæ чи аразы, уыдоны æфхæрой канд административон нæ, фæлæ ма уголовон æгъдауæй дæр.

Абон уыд Парламенты Советы æмбырд. Амыдта йæ Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав.

Растыл нымад æрцыд закъонадон хъæппæрис, цæмæй, æнæзакъонæй æхцайыл хъæзтытæ чи аразы, уыдоны æфхæрой канд административон нæ, фæлæ ма уголовон æгъдауæй дæр.

Совет сразы Уæрæсейы Хицауады сæрдармæ курдиат арвитыныл, цæмæй электрон тых хардз кæныны социалон нормæты тыххæй уынаффæ йæ тыхы ма уа. Депутаттæ куыд нымайынц, афтæмæй уый, фыццаджыдæр, хъæуы хуымæтæг фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнынæн, уымæн æмæ тæссаг у, социалон нормæты аххосæй фиддонтæ куы сырæзой, уымæй.

Æркастысты ма «Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ. Уыдон баст сты продукцийыл адæймаджы цардæн ахсджиаг информаци фыссынимæ. Хъуамæ уа æргом æмæ æнцонкæсæн. Ныхас ма цыд, лыгъд адæмæн сæ цардархайды фарстатæ лыг кæныны хъуыддаг чи фенцондæр кæндзæн, уыцы. закъоны проектыл дæр.

Тедеты Руслан, РЦИ-А Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар: «Лыгъд адæмæн уыдзæн æнцондæр. Æрмæст гæххæттыл нæ уыдзæн сæ бон фарстатæ æмæ курдиæттæ дæттын, фæлæ ма сын фадат уыдзæн, Интернетæй пайда кæнгæйæ, ведомствотимæ кусынæн. Лыгъд адæймаджы статус ма йæм ис, æви йе ‘мгъуыд фæци, цы уавæры ис, æппæт ацы фарстатæн дзуапп райсæн уыдзæн Интернеты фæрцы, æмæ уый уыдзæн бирæ æнцондæр».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania