филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:53 воскресенье, 13 июля 2025
17 октября 2013, 16:54
Абон уыд Парламенты советы радон æмбырд

Боны фæткмæ рахастой 30 фарстайы. Æрдзырдтой «Парламенты тыххæй» конституцион закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстайыл.

Абон уыд Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Алексей Мачнев. Боны фæткмæ рахастой 30 фарстайы. Æрдзырдтой «Парламенты тыххæй» конституцион закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фарстайыл.

Баст у республикæйы Сæргълæууæджы æвзарынимæ. Совет сразы закъоны проектимæ, цæмæй мидхъуыддæгты органтæн бар уа административон æгъдаухæлдтыты хъуыддæгтыл кусынæн. Ахæм уынаффæ фæбæрзонддæр кæндзæн пъæлицæйы кад æмæ хорзырдæм фæзындзæн барад хъахъхъæныныл. Бюджетон фарстатыл æрныхас кодта экономикон рæзты министр Икъаты Мæдинæ. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй ног азæй фæстæмæ социалон-экономикон рæзты мадзæлттæ конд цæудзысты паддзахадон программæтæм гæсгæ. Ныртæккæ куыст цæуы федералон бюджетыл, стæй республикон бюджетыл, æмæ хæрдзтæ фæкъаддæр уыдзысты. Растыл нымад æрцыд, инвалид-сывæллон кæмæн ис, уыцы ныййарджытæн æрвылазон фæлладуадзæн рæстæг сæ бон райсæн куыд уа, куы сæ бахъæуа, уый тыххæй закъоны проект. Депутаттæ ма сразы сты федералон закъонтæм ивддзинæдтæ бахæссыныл, цæмæй бæгæны æмæ карз нозт æлхæныны бар адæймагмæ уа, 21 азы йыл куы сæххæст уа, уый фæстæ. Ныртæккæйы закъонтæм гæсгæ, ахæм бар ис 18 азæй фæстæмæ. Каст ма цыд закъоны проектмæ, цæмæй ирхæфсæн мадзæлтты фонограммæйæ чи пайда кæны, уыдон фехъусын кæной адæмæн сæ лæггæдты тыххæй æмæ ныллæгдæр кæной билеты аргъ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania