филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:01 воскресенье, 06 октября 2024
04 сентября 2014, 17:27
Абон уыд Парламенты Советы радон æмбырд

Амыдта йæ Алексей Мачнев. Депутаттæ сразы сты Татарстаны Паддзахадон Советы хъæппæрисимæ, цæмæй фæкарздæр уой фæндæгтыл цæуыны уагæвæрд халджыты æфхæрæн мадзæлттæ.

74093
Амыдта йæ Алексей Мачнев. Депутаттæ сразы сты Татарстаны Паддзахадон Советы хъæппæрисимæ, цæмæй фæкарздæр уой фæндæгтыл цæуыны уагæвæрд халджыты æфхæрæн мадзæлттæ. Цард куыд амоны, афтæмæй ивартæ стыр ахъаз сты, цæмæй шофыртæ уагæвæрд къаддæр халой. Уымæй уæлдай ма ис хъуыды, цæмæй фæфылдæр уа машинæ скъæрынæн бар дæттæг гæххæттытæ байсыны æмгъуыд 2 азæй 3 азмæ. Растыл ма банымадтой Уæрæсейы Хицауадмæ курдиат арвитыны хъæппæрис, цæмæй социалон къабæзты кусджытæн уой фæллой кæныны нормæтæ. Фæстаг рæстæг оптимизацийы нысанимæ цы мадзæлттæ конд æрцыдысты, уыдоны аххосæй бирæ кусæндæтты нал сты хъæугæ специалисттæ, кусджытæн фæфылдæр сты сæ хæстæ. Цæмæй уавæр сраст уа, æмæ социалон къабæзтæ куыд æмбæлы, афтæ архайой, уый тыххæй фæллой кæныны нормæтæ хъæуы тагъддæр сфидар кæнын. Цалдæр фарстайы баст уыдысты Арæзтадон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ.
Суанты Вадим, РЦИ-Аланийы Парламенты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг: «Сæрмагонд фарста у Арæзтадон кодексмæ ивддзинæдтæ бахæссын. Арæзтадæн бар дæттæг гæххæттытæ куы фæцæттæ кæнынц, уæд дзы бынæттон администраци хъуамæ фæнысан кæна домæн, цæмæй бæстыхайæн йæ æддаг бакаст, йæ архитектурæ, йæ цуры цы хæдзæрттæ ис, уыдонимæ уой иухуызон. Мæнмæ гæсгæ, уыцы закъон у хорз. Мах горæты дæр ахсджиаг у уыцы фарста, цæмæй хæдзæрттæ иу уæлдæр, иннæ дæлдæр ма уа, фæлæ нæ горæт рæсугъддæр кæна».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania