филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:25 воскресенье, 06 октября 2024
14 декабря 2012, 09:36
Абон уыд республикæйы æрдзхъахъхъæныны æхсæнады æмбырд

Цæгат Ирыстоны æппæтæй чъизидæр бынæттæ æмæ экологийæн зианхæссæг куыстуæттыл абон ныхас цыд республикæйы æрдзхъахъхъæныны æхсæнады æмбырды.

Архайдтой дзы парламенты сæрдары хæдивæг Къесаты Станислав æмæ хицауады сæрдары хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт.Боны фæткы сæйрагдæр фарстатæй иу уыд цæугæдæтты уавæр.

Цæгат Ирыстоны æппæтæй чъизидæр бынæттæ
æмæ экологийæн зианхæссæг куыстуæттыл абон ныхас цыд республикæйы
æрдзхъахъхъæныны æхсæнады æмбырды.

Архайдтой дзы парламенты сæрдары хæдивæг
Къесаты Станислав æмæ хицауады сæрдары хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт.Боны
фæткы сæйрагдæр фарстатæй иу уыд цæугæдæтты уавæр. Æппæтæй фылдæр
знаггад сын хæссынц спъиртуадзæн куыстуæттæ. Сæ пайда чысыл нæу, фæлæ
экологон домæнтæм кæсынц куыдфæндыйы цæстæй. – Ахæм заводты хицæуттæн сæ
фылдæр республикæйы нæ цæрынц æмæ сæ Ирыстоны уавæр æппындæр нæ тыхсын
кæны, – загъта йæ раныхасы Битарты Вячеслав.

Экологийæн стыр зиан хæссынц
цæрæн-коммуналон хæдзарады куыстуæттæ дæр. Сæрмагондæй та канализацийы
дон сыгъдæггæнæн куыстуат. Дзæуджыхъæу рæзы, объектты æмæ цæрæн
хæдзæртты нымæц кæны фылдæр æмæ сыл ацы куыстуат нал æххæссы. Уый æдде
ма йæ кусæнгæрзтæ дæр базæронд сты. Афтæмæй, канализацийы дæтты фылдæр
хай кæлы Теркмæ. Хуыздæр уавæры не сты Мæздæг, Беслæн æмæ Æрыдон дæр.

Республикæйы æрдзхъахъхъæныны æхсæнады
сæргълæууæг Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ фидæн аз æхсæнады куысты
æрцæудзысты ивддзинæдтæ. Сæ цæст бæстондæр дардзысты объекттæм, экологон
домæнтæ чи не ххæст кæна, уыдон та цæудзысты æфхæрд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania