филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:48 вторник, 16 декабря 2025
11 декабря 2012, 15:01
Абон уыд республикæйы парламенты радон æмбырд, амыдта йæ йæ сæрдар Алексей Мачнев

Боны фæткмæ рахастой 20 фарстайы. Се хсæн – фидан азы бюджет æмæ Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссын.

Æмбырды фыццаг бакасты ныхас цыд фидæн азы бюджеты проектыл. Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Наталья Царева куыд загъта, афтæмæй æфтиæгты хай нысан кæнынц 17миллиарды æмæ 223милуан сомы, хæрдзтæ

Боны фæткмæ рахастой 20 фарстайы. Се хсæн – фидан азы бюджет æмæ Конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссын.

Æмбырды фыццаг бакасты ныхас цыд фидæн
азы бюджеты проектыл.

Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Наталья Царева куыд загъта, афтæмæй
æфтиæгты хай нысан кæнынц 17миллиарды æмæ 223милуан сомы, хæрдзтæ –
17миллиарды æмæ 950милуан сомы, афтæмæй дефицит рауайдзæн 721милуан
сомæй фылдæр. Парламенты сæрдар Алексей Мачнев бафиппайдта, бакусын кæй
хъæуы куыстадон къабæзты рæзтыл, цæмæй фылдæр кæной хи æфтиæгтæ. Йæ
раныхасы бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæмбег
куыд загъта, афтæмæй дыккаг бакастмæ бæлвырдгонд æрцæудзæн, цардархайды
ахсджиагдæр къабæзтæн æхцайы фæрæзтæ цæмæй фаг уой.

Хæдарцаты Аслæмбег, РЦИ-Аланийы
Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Куыст дзы бирæ
уыдзæнис, уый тыххæй æмæ бирæ фарстатæ уыд депутаттæм Хицауадмæ. Ныхас
цæуы социалон фарстатыл. Адæмæй чи рынчын, сидзæр сывæллæттæн дæр
хæдзæрттæ дæттын хъæу, 3 сывæллоны æмæ уымæй фылдæр кæмæн ис, уыцы
бинонтæн зæхх дæттын хъæуы, æмæ ма бирæ æндæртæ. 2 къуырийы ма сыл
ахсджиагæй бакусдзыстæм, бапълан кæндзыстæм».

Парламент æркаст Конституцимæ
ивддзинæдтæ бахæссыны фарстамæ, цæмæй дзы нысангонд ма уа, Парламенты
сæрдарæн цал хæдивæджы хъуамæ уа, уый.

Æрдзырдтой ма сидзæр сывæллæттæн, стæй
æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, уыдонæн цæрæнуæттæ дæттыны закъонмæ
ивддзинæдтæ бахæссыныл. Уыдонмæ гæсгæ, сидзæртæн конд æрцæудзæн ног
цæрæнуæтты фонд, æмæ сæ бартæ уыдзысты хуыздæр хъахъхъæд.

Закъоны хуызы ма фидаргонд æрцыд республикæйы социалон-экономикон рæзты стратеги 2025 азы онг.

Хæдарцаты Аслæмбег, РЦИ-Аланийы
Парламенты бюджеты, хъалонты æмæ исбоны комитеты сæрдар: «Ныр йыл кусын
хъæуы иумæ. Кнд Хицауадынæ нæ, фæлæ не ‘ппæтæн дæр. Скæнын хæуы, адæмæн
пайда чи уыдзæн, республикæ размæ чи ракæндзæн, ахæм куыст. Бирæ
фæзилæнтæ ис. Алы хуызы хъуыды кæнын хъæуы».

Ныхас ма цыд «Исбоныл æвæрд хъалонты тыххæй», стæй «Паддзахадон исбоны приватизацийы тыххæй» закъонтæм ивддзинæдтæ бахæссыныл.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania