филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:08 понедельник, 20 мая 2024
28 марта 2014, 11:01
Абон уыд Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей

Æмбырд райдыдта æхсызгон хъуыддагæй. Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, æрыгон ахуыргæндтæй æнтыстджындæрæй чи архайы, уыдонæн амæй фæстæмæ кæндзысты паддзахадон æххуыс грантты хуызы.

Абон уыд Цæгат Ирыстоны хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей
Æмбырд райдыдта æхсызгон хъуыддагæй. Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, æрыгон ахуыргæндтæй æнтыстджындæрæй чи архайы, уыдонæн амæй фæстæмæ кæндзысты паддзахадон æххуыс грантты хуызы. Ахæм грант уал саккаг кодтой географион иртæстыты центры кусæг, наукæты кандидат Дмитрий Мельковæн. Æмтгæй райсгæйæ та хицауады уæнгтæ æркастысты 21 фарстамæ. Сфидар кодтой цæрынæн æппын къаддæр æхцайы бæрц. Нырæй фæстæмæ уыдзæн 6496 сомы. Кусгæ чи кæны, уыдонæн – 6924, пенсиисджытæн – 5315, сывæллæттæн та 6437 сомы. Хицауады уæнгтæ ма æрныхас кодтой ацы азы дыккаг æмбисы куысты пъланыл, сывæллæтты хæринаджы фарстайыл, гуманитарон наукæты проекттæн фæрæзтæ дих кæныны хъуыддагыл æмæ æнæниз цардыуаг парахат кæныныл.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania